https://sputnik-ossetia.com/20211129/radzur-tskhinvaylag-zaraggandzhyta-tsatta-kanynts-sa-nog-treky-prezentatsima-14823318.html
Радзур: цхинвайлаг зарӕггӕнджытӕ цӕттӕ кӕнынц сӕ ног трекы презентацимӕ
Радзур: цхинвайлаг зарӕггӕнджытӕ цӕттӕ кӕнынц сӕ ног трекы презентацимӕ
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 29 ноя – Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Хуссарирыстойнаг зарӕггӕнджытӕ Джиоты Люба ӕмӕ Хъодалаты Мария рауадздзысты сӕ иумӕйаг зарӕг "Радзур" ирон... 29.11.2021 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2021-11-29T16:16+0300
2021-11-29T16:16+0300
2021-11-29T16:16+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
культурӕ
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/1032/90/10329071_0:0:1080:608_1920x0_80_0_0_1d678f376bf0cbbff8e7e6d06d64d38d.jpg
ЦХИНВАЛ, 29 ноя – Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Хуссарирыстойнаг зарӕггӕнджытӕ Джиоты Люба ӕмӕ Хъодалаты Мария рауадздзысты сӕ иумӕйаг зарӕг "Радзур" ирон ӕвзагыл, фехъусын кодта Sputnik автортӕй иу Джиоты Люба.Уый банысан кодта, зарӕгӕн презентаци кӕй уыдзӕн майрӕмбоны, 3-ӕм декабры. Зарӕггӕнӕг ма бафтыдта, бынтон ӕрӕджы сӕ альбомӕн кӕй фӕзынд цъар дӕр, кӕцыйыл бакуыста ирон нывгӕнӕг Кӕсойты Алан. Йӕ дизайн ӕввахс лӕууы альбомы номмӕ. "Уымӕй чысыл фӕстӕдӕр та - 6 декабры ацӕудзӕн мӕ зарӕг "Ныббар"-ы презентаци", - бафтыдта автор.Джиоты Любайы ном айхъуыст Цӕгат Ирыстоны "Осетия-Ирыстон" телеканалы проект "Азар ма"-йы хайадисты фӕстӕ. Мадзалы Люба райста кӕсджыты симпатийы приз.
https://sputnik-ossetia.com/20211014/Muzykantt-Plity-Oleg-m-Dzhioty-Lyuba-nyffystoy-iumyag-trek--12945773.html
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2021
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/1032/90/10329071_0:0:1080:810_1920x0_80_0_0_5fcea4d722307ccd8ec4f5cd4080cc05.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, культурӕ
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, культурӕ
Радзур: цхинвайлаг зарӕггӕнджытӕ цӕттӕ кӕнынц сӕ ног трекы презентацимӕ
ЦХИНВАЛ, 29 ноя – Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Хуссарирыстойнаг зарӕггӕнджытӕ Джиоты Люба ӕмӕ Хъодалаты Мария рауадздзысты сӕ иумӕйаг зарӕг "Радзур" ирон ӕвзагыл, фехъусын кодта Sputnik автортӕй иу Джиоты Люба.
Уый банысан кодта, зарӕгӕн презентаци кӕй уыдзӕн майрӕмбоны, 3-ӕм декабры.
"Марияимӕ нӕ ног зарӕг рацӕудзӕн къуырийы кӕрӕтты. Трек бацыд нӕ иумӕйаг альбом "Хурӕн зарыд мӕй"-мӕ", - загъта Люба.
Зарӕггӕнӕг ма бафтыдта, бынтон ӕрӕджы сӕ альбомӕн кӕй фӕзынд цъар дӕр, кӕцыйыл бакуыста ирон нывгӕнӕг Кӕсойты Алан. Йӕ дизайн ӕввахс лӕууы альбомы номмӕ.
"Уымӕй чысыл фӕстӕдӕр та - 6 декабры ацӕудзӕн мӕ зарӕг "Ныббар"-ы презентаци", - бафтыдта автор.
Джиоты Любайы ном айхъуыст Цӕгат Ирыстоны "Осетия-Ирыстон" телеканалы проект "Азар ма"-йы хайадисты фӕстӕ. Мадзалы Люба райста кӕсджыты симпатийы приз.