Инвалидтӕ не сты, хъахъхъӕнджытӕ сты: Плиты Мӕдинӕ хӕстыты фӕцӕфуӕвджытӕн ӕххуысы тыххӕй

© Sputnik / Natalia AiriyanПлиты Мӕдинӕ
Плиты Мӕдинӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 02.12.2021
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 2 дек – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны 1989-2008 ӕзты дӕргъы Хуссар Иры территорийыл хӕстон архайдтыты фӕстиуӕгӕн фӕцӕфуӕвджыты ӕмӕ инвалидты фонды ис дыууӕсӕдӕйӕ фылдӕр адӕймаджы, уыдонӕй 25 сты, цӕфтӕ уӕззау фӕд кӕй ӕнӕниздзинадыл ныууагътой, ахӕмтӕ. Уый тыхӕй радзырдта фонды сӕргълӕууӕг Плиты Мӕдинӕ.
Инвалидты ӕхсӕнадӕмон боны хӕдразмӕ Sputnik пресс-центры ӕрдзырдтой, куыд хъахъхъӕд цӕуынц Хуссар Ирыстоны сӕ бартӕ ӕмӕ сын цы ӕххуыс кӕны хицауад, уыдӕттыл. Пресс-конференцийы ма хайад райста сфывӕллӕтты омбудсмен Цхуырбаты Татьяна дӕр.
Плиты Мӕдинӕ стыр бузныг загъта ӕппӕт адӕмӕн дӕр, кӕцытӕ стыр хъусдард здахынц сахъат ӕмбӕстӕгтӕм, цӕмӕй уыдон сӕхи ӕцӕгӕлон ма хатой.
"Нӕ фонды ис 210 инвалиды, уыдонӕй 25 сты, цӕфтӕ уӕззау фӕд кӕй ӕнӕниздзинадыл ныууагътой, ахӕмтӕ. Тынг арӕх нӕм фӕзыны проблемӕтӕ протезтимӕ - куыд зонут, афтӕмӕй уыдон рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ фӕхъӕуы раивын. Зӕгъӕм, ныртӕккӕ дыууӕ лӕппуйӕн хъӕуы ӕвӕстиатӕй раивын сӕ протезтӕ. Президенты ӕххуысӕй уыдон хъуамӕ ныридӕгӕн ацыдаиккой операцимӕ, фӕлм пандеми хъуыддаг къуылымпы кӕны", - загъта Плиты Мӕдинӕ.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, кӕд фонды бирӕ куыстхъом адӕм нӕй, уӕддӕр сын арӕх куыст ссарын фӕзын вӕййы. Уыцы фарсты сӕм ӕххуысы къух фӕдары Цхинвалы мэр Коцты Алан.
"Лӕппутӕ хъыг дӕр фӕвӕййынц, зӕгъгӕ, мах инвалидтӕ не стӕм, мах фыдыбӕстӕ хъахъхъӕнджытӕ стӕм. Ӕмӕ сӕ иу дӕр куыст куы ссары, уӕд нын вӕййы бӕрӕгбонау, уымӕн ӕмӕ сын ис бинонтӕ, сывӕллӕттӕ. Уыдон сты тынг фидар удыхъӕды хицӕуттӕ, сӕхи никуы ауадзынц ӕмӕ кӕддӕриддӕр цӕттӕ сты ӕххуысхъуаг адӕммӕ фӕкӕсынмӕ", - бафтыдта фонды сӕргълӕууӕг.
Форум Без границ 2021 - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 07.06.2021
Сӕрыстыр дӕн сахъат адӕмы хъаруйӕ: Хуссар Ирӕй архайӕг форум "Без границ 2021"-ы тыххӕй
Плиты Мӕдинӕ ма радзырдта, зӕгъгӕ, Хъахъхъӕнынады министр Гассеты Ибрагимы инициативӕйӕ фӕззӕджы фонды уӕнгтӕ хъуамӕ рацыдаиккой диспансеризаци. Хъахъхъӕнынадон уагдон йӕхимӕ иста сӕ дарддӕры хоскӕнынад ӕмӕ реабилитацийы хӕрдзтӕ. Фӕлӕ та сӕ бахъыгдардта пандеми.
Уымӕй дарддӕр ма ӕхсӕнадон организацийӕн ӕнгом ӕмгуыстад ис ӕнӕниздзинадхъахъхъӕнынады министр Наниты Сосланимӕ. Зӕгъӕм, ацы аз уыдон райстой фылдӕр балцӕгтӕ санаторитӕм.
Афтӕ ма фонды сӕргълӕууӕг бафиппайдта, зӕгъгӕ, ӕнӕниздзинадхъахъхъӕнынады министрады, науӕд та бӕстӕйы къухдариуӕгадмӕ цӕмӕдӕриддӕр ма бахатынц, алыхатт дӕр проблемӕ скъуыддзаг ӕрцӕуы. Президенты ӕххуысӕй хуыздӕр кӕнынц инвалидты цӕрӕнуатон уавӕртӕ дӕр.
Ног хабӕртты лентӕ
0