Хуссар Иры парламент райста 2022 азы паддзахадон бюджет

© Sputnik / Natalia Airiyan Парламент
Парламент  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 30.12.2021
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 30 дек – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны парламент цыппӕрӕмы рабадтыл ӕркаст ӕмӕ сфидар кодта бӕстӕйы сӕйраг финансон документ 2022 азмӕ.
Паддзахадон бюджеты ӕфтиӕгтӕ сты 8,7 миллирд сомӕй фылдӕр. Сӕ нымӕцы уӕрӕсейаг финансон ӕххуыс 7,2 миллиард сомы бӕрц. Республикӕйы хисӕрмагонд ӕфтиӕгтӕ сты 1,5 миллирд сомӕй фылдӕр, уыдон сты бюджеты иумӕйаг суммӕйы 17,1 проценты.
Социалон-экономикон райрӕтӕн, Инвестпрограммӕйы реализацийы фӕрӕзтӕй дарддӕр нывӕндынц рахицӕн кӕнын 5,9 миллиард сомы. Инвестпрограммӕйы фӕлгӕтты мадзӕлттӕн 2022 азы рахицӕн кӕндзысты 1 миллиард ӕмӕ 350 милуан сомы.
Ипотека  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 15.12.2021
Хуссар Иры фӕзындзӕн фадат райсын цӕрӕнуат ӕмгъуыдгай фиддӕнӕй
Баныхасы рӕстӕджы вице-спикер Плиты Александр банхъардта аиуварс кӕнын закон, уымӕн ӕмӕ ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады къабазы хӕрдзтӕ нӕ фӕфылдӕр кодтой.
"Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады къабаз ис тынг ӕвзӕр уавӕры, куыд кусдзыстӕм афтӕ", - загъта вице-спикер.
Хицауады сӕрдар Бекъойты Геннадий банысан кодта, ӕнӕмӕнгхъӕуӕг суммӕ гӕнӕн ис бахӕссын бюджетмӕ йӕ райсыны фӕстӕ дӕр.
Афтӕ ма парламент райста Социалон фонды бюджет дӕр, йӕ ӕфтиӕгтӕ сты 752 милуан сомы, хӕрдзтӕ та – 811 милуаны.
Ног хабӕртты лентӕ
0