Цӕмӕн хъӕуы мӕ сывӕллоны ирон ӕвзаг?

© Sputnik / Наталья АйриянЧиныг
Чиныг - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 14.01.2022
Рафыссын
Гуыцмӕзты Инна, Sputnik
Ирон ӕвзаджы хъысмӕт рагӕй фӕстӕмӕ ӕвзӕрын кӕны катайдзинад ӕвзаджы дӕсныты, ахуыргӕнджыты ӕмӕ, ирон адӕмы сомбоныл чи хъуыды кӕны, уыдоны хсӕн. Куыд хъӕуы ӕвзаг бахъахъхъӕнын, уымӕн бӕлвырд рецепт ничи ма ссардта. Бирӕты хъуыдымӕ гӕсгӕ, ӕвзаг бавӕрынӕн хъӕуы паддзахадон программӕтӕ. Уыцы хъуыды, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, раст у, фӕлӕ цард ӕмӕ практикӕ куыд равдыстой, афтӕмӕй фаг нӕу.
Ирон ӕвзаджы уавӕр арӕх свӕййы быцӕуы аххосаг ӕрмӕст коллегӕты нӕ, фӕлӕ ма хӕлӕртты ‘хсӕн ныхасы дӕр. Чи дзуры, ома паддзахадӕй бирӕ аразгӕ у, чи та скъолайы ахуыргӕнджыты зылынджын кӕны, ома сӕ уроктӕ нӕ вӕййынц цымыдисон ахуыргӕнинӕгтӕн.
Сабитӕн мадӕлон ӕвзаг сахуыр кӕнынӕн фӕзынд ног уӕлӕмхасӕн Avdan - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 08.11.2021
Сабитӕн мадӕлон ӕвзаг сахуыр кӕнынӕн фӕзынд ног уӕлӕмхасӕн "Avdan"
Иу чысыл мын бантыст акусын скъолайы, ӕмӕ дзы иннӕ предмӕттӕм абаргӕйӕ, ирон авзаг ӕмӕ литературӕйы урок ницӕмӕй хицӕн кӕны. Мӕ бон нӕу зӕгъын, ӕмӕ уырыссаг, науӕд англисаг ӕвзаджы уроктӕ сты уӕлдай шедевралондӕр, фӕлӕ, цӕмӕдӕр гӕсгӕ, скъоладзаутӕ уыцы предметтӕ ӕнувыддӕрӕй ахуыр кӕнынц. Цӕмӕн? Ӕвӕццӕгӕн, уыцы ӕвзӕгтимӕ бӕттынц сӕ сомбоны цард ӕмӕ уымӕн.
Ирон ӕвзаджы ахуыргӕнджытӕй уын кӕцыфӕнды дӕр радзурдзӕнис, ныййарджыты ‘рдыгӕй цас цӕлхдуртӕ ӕййафынц, уый тыххӕй. Уыдонӕй аразгӕ куы уаид, уӕд уыцы предмет нӕдӕр ахуыр кӕниккой скъолайы. "Цӕмӕн хъӕуы мӕ сывӕллоны ирон ӕвзаг? Уӕрӕсемӕ цӕуы ахуыр кӕнынмӕ, ӕмӕ йын ирон ӕвзагӕй цы нысӕнттӕ ис, уыдон ын фехалдзысты йӕ аттестат" - ахӕм ӕмӕ ма ноджы хаттӕй-хатт карздӕр ныхӕстӕ ис фехъусӕн ныййарджытӕй.
Ӕвӕццӕгӕн сӕ тынг фӕхӕрам кӕнын нӕй гӕнӕн, уымӕн ӕмӕ алы ныййарӕджы дӕр фӕнды, цӕмӕй йӕ хъӕбул царды уа ӕнтысджын, ӕмӕ йӕ мацы бахъыгдара уый тыххӕй. Уый зӕгъын уымӕн, ӕмӕ ирон ӕвзаг ӕмӕ литературӕйы ахуыргӕнджыты куы аххосджын кӕнынц, уӕд бынтон раст нӕ вӕййынц.
Бибылты Анатолийы ныстуан Хуссар Ирыстоны адӕм ӕмӕ парламентмӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 25.03.2020
Бибылты Анатолий бахӕс кодта саразын ног программӕ ирон ӕвзаг ӕмӕ зонады райрӕзтæн
Мӕхимӕ уыцы стыр бӕрн нӕ исын, ӕмӕ зӕгъон, ӕвзаджы бахъахъхъӕнынӕн цы у мыдадзыхос, фӕлӕ царды практикӕйы цӕмӕн уыдтӕн ӕвдисӕн, цы бафиппайдтон, уый тыххӕй мӕ фӕнды зӕгъын мӕ хъуыды.
Ничи гуырысхо кӕны, паддзахад кӕй хъуамӕ куса ӕвзаг бахъахъхъӕныны программӕйыл, ахуыргӕндтӕ ӕмӕ ӕвзагзонынады къабазы минӕвӕрттӕ кӕй хъуамӕ ӕххӕст кӕной сӕ куыст ӕнувыдӕй, уымӕн ӕмӕ ацы проблемӕ иумӕйаг у. Фӕлӕ мӕм фарст фӕзыны: цымӕ нӕ фысджыты чи ахуыр кодта мадӕлон ӕвзагыл дзурын? Чизоны йӕ сӕ райгуырдӕй фӕстӕмӕ хъуыстой мыййаг? Уыцы ӕвзаг сӕ мады ‘хсыримӕ нуӕзтой сӕ райгуырдӕй фӕстӕмӕ. Бынтон чысылӕй хъуыстой сӕ нанаты зард ӕмӕ рӕвдыд ныхас. Куы фестырдӕр сты, уӕд та сӕ фыдты зондамынд, сӕ ӕрвылбонон царды пайда кодтой ирон ӕвзагӕй, ӕмӕ сӕ сомбон дӕр уыимӕ уыд баст.
Бирӕтӕ мемӕ нӕ вӕййынц разы, куы фӕзӕгъын, зӕгъгӕ, ӕвзаг бахъахъхъӕнын, фыццаджыдӕр, кӕй ис бинонты бӕрны, уымӕн ӕмӕ мад йӕ сабимӕ куыннӕ сдзура, куыннӕ йӕ барӕвдауа, зонд ын куыннӕ бацамона мадӕлон ӕвзагыл, уӕд паддзахӕдтӕн сӕ бон у ӕмӕ фыссой сӕдӕгай программӕтӕ - уыдонӕн ӕвӕрццаг фӕстиуджытӕ нӕ уыдзӕн.
Роберт Гаглойты - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 16.05.2019
Гаглойты Роберт: ныфс мӕ ис, Хуссар Иры фӕсивӕд кӕй нӕ фесафдзӕн ирон ӕвзаг
Мӕ мад ӕмӕ мӕм мӕ фыд чысылӕй иронау куыннӕ дзырдтаиккой, уыцы ӕвзаг куыннӕ суыдаид ӕрвылбонон, уӕд ыл, чи зоны, ныр ӕз дӕр уӕлӕхох уаин. Фӕлӕ ӕз ӕнӕ ирон ӕвзаг "Ӕз" нӕ уаин, цыфӕнды хорз ма дзурон ӕндӕр ӕвзӕгтыл, уӕддӕр.
Кӕддӕр Интернеты социалон хызӕгтӕй сӕ иуы бакастӕн ӕвзонг чызджы хъуыдытӕ, зӕгъгӕ, ирон фысджытӕ нӕ хӕццӕ кӕныц уырыссаг ӕмӕ европӕйаг фысджыты ӕмвӕзадмӕ, ӕмӕ йын уый тыххӕй не сты цымыдисон. Мӕ цӕсты раз радыгай ауадысты: Токаты Алихан, Калоты Хазби, Гӕдиаты Секъа, Брытъиаты Елбыздыхъо, Малиты Георгий, Хаджеты Таймураз, Козаты Исидор, Хъодзаты Ӕхсар, Гуыцмӕзты Алеш, Дзуццаты Хадзы-Мурат ӕмӕ бирӕ ӕндӕртӕ. Уыдоны сфӕлдыстад хъӕздыг кӕны канд ирон ӕвзаджы нӕ, фӕлӕ ӕппӕт дунеон класикӕйы. Ӕмӕ цӕй мӕгуыр у уыцы адӕймаг, кӕцыйӕн йӕ бон нӕу бакӕсын ирон ӕмдзӕвгӕтӕ ӕмӕ романтӕ, уымӕн ӕмӕ сӕ нӕ бамбардзӕнис.
Уӕдӕ цӕй мидӕг ис аххосаг? Мӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, нӕдӕр фысджыты, аххос у, нӕдӕр ахуыргӕнджыты, паддзахадон программӕйы ӕмӕ ма ноджы бирӕ ӕндӕр цӕйдӕрты. Ӕвзаг уарзын хъӕуы, ӕмӕ йӕ уарзгӕ та бакӕндзынӕ, чысылӕй йӕ куы хъусай, дӕ иууыл ирддӕр цаутӕ ацы ӕвзагимӕ баст куы уой, уӕд. Стӕй йын уый фӕстӕ феххуыс уыдзысты паддзахадон программӕтӕ дӕр. Ахуыргӕнджытӕн дӕр сӕ куыст фӕцымыдисондӕр уыдзӕн, ӕмӕ нын ирон фысджытӕ та нӕ миддуне бӕрӕг фӕхъӕздыгдӕр кӕндзысты.
Мачи зӕгъӕт: ирон ӕвзагӕн сӕфӕн нӕй. Алцӕмӕндӕр ис сӕфӕн, куыннӕ йӕ бахъахъхъӕнай, уӕд.
Ног хабӕртты лентӕ
0