Хуссар Ир ӕмӕ Самарайы минӕвӕрттӕ ӕрдзырдтой ӕмархайды фарстытыл

© Наталья АйриянХуссар Ир ӕмӕ Уӕрӕсейы тырысатӕ
Хуссар Ир ӕмӕ Уӕрӕсейы тырысатӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 27.01.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 27 янв - Sputnik. Хуссар Ирыстоны Экономикон райрӕзты министрады, Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрады, базарадон-сӕудӕджерадон палатӕ ӕмӕ республикӕйы базарадон минӕварады минӕвӕрттӕ Уӕрӕсейы ӕрдзырдтой сӕ самарайаг коллегӕтимӕ Хуссар Ирыстоны ӕмӕ Самарайы областы ӕмархайды фарстытыл базарадон, социалон-экономикон ӕмӕ культурон ӕмгуыстады къабазы.
Фембӕлд ацыд экономикон райрӕзты министрады фӕзуатыл видеоконференцийы режимы, хъусын кӕны республикӕйы хицауады пресс-службӕ.
"Мадзалы рӕстӕджы ацыд Самарайы областы экономикон, инвестицион ӕмӕ экспортон потенциалы презентаци. Афтӕ ма бавдыстӕуыд Хуссар Ирыстоны экспорты базарадон структурӕ", - дзырдӕуы хъусинаджы.
Самарайаг фарс сӕйраг хъусдард аздӕхта инновацион архайдмӕ медицинӕйы къабазы, бафтыдтой пресс-службӕйы.
Фембӕлды кӕрон фарсытӕ ӕрдзырдтой фидӕны фембӕлдты нывӕзтыл нарӕгдӕр здӕхтты фӕдыл, ӕмӕ равдыстой цӕттӕдзинад пайдаджын ӕмгуыстадмӕ.
Хуссар Ирыстон ӕмӕ Самарайы хсӕн ӕмархайд рахызт ног ӕмвӕзадмӕ бадзырдты фӕстӕ, кӕцытӕ сӕххӕст кодтой президент Бибылты Анатолийы официалон фембӕлдты рӕстӕджы Самарайы областы къухдариуӕгадимӕ.
Самарӕйы сарӕзтой Ирон хӕдзар - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 20.08.2021
Самарӕйы сарӕзтой "Ирон хӕдзар"
Ног хабӕртты лентӕ
0