Фылдӕр фӕсидттӕ ӕмӕ госпитализацитӕ: Цхинвалы "тагъд ӕххуысы" хистӕр COVID-19 тыххӕй

© Sputnik / Ада БагианТагъд ӕххуысы станц Цхинвалы
Тагъд ӕххуысы станц Цхинвалы - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 04.02.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 4 фев – Sputnik. Хуссар Ирыстоны январы фӕстаг къуырийӕ фӕфылдӕр сты "тагъд ӕххуысы" бригадӕтӕм фӕсидттӕ ӕмӕ госпитализацитӕ коронавирусимӕ, фехъусын кодта Sputnik Цхинвалы "тагъд ӕххуысы" сӕйраг дохтыр Хъуылымбегты Эмзар.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, фӕстаг ӕртӕ боны дӕргъы республикон бирӕпрофилон медицинон центры "сырх зонӕмӕ" бакодтой авд адӕймаджы коронавирусимӕ. Ноябрь ӕмӕ декабрьмӕ абаргӕйӕ фӕфылдӕр ис сывӕллӕтты госпитализацийы нымӕц дӕр.
"Фӕсидтты фылдӕр хай мах райсӕм изӕры ӕмӕ ӕхсӕвы. Коронавирусӕй дарддӕр махмӕ арӕх дзурынц гипертони ӕмӕ зӕрдӕйы низты тыххӕй", - загъта Хъуылымбегты Эмзар.
Уый банысан кодта, абоны бон станцы ӕрвылбон кӕй кусынц цыппар хӕдтулгӕйы ӕмӕ цыппар бригадӕйы – уыдонӕй иу у сывӕллӕттӕн. Цхинвайлаг "тагъд ӕххуысы" станцӕй коронавирус бахӕцыд ӕрмӕст иу адӕймагыл, кӕцы ис хӕдзары амбулаторон хоскӕнынадыл.
"Горӕты бригадӕмӕ фӕсидты рӕстӕг у 15-20 минуты. Фӕлӕ вӕййы афтӕ, ӕмӕ иу рӕстӕг ӕрбацӕуынц цыппар ӕмӕ фылдӕр фӕсидты, уый фӕдыл диспетчертӕ бамбарын кӕнынц, зӕгъгӕ, куыддӕр бригадӕ расӕрибар уа, афтӕ сӕм ацӕудзӕн", - фехъусын кодта сӕйраг дохтыр.
Коронавирус - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 02.02.2022
Хуссар Иры Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрад фӕивдзӕн ПЦР-тесттӕ исыны фӕтк
Уый ма бафтыдта, зӕгъгӕ, "тагъд ӕххуысы" бригадӕмӕ нӕ хъӕуы дзурын ПЦР-тесттӕ сисынӕн – уый ис цхинвайлаг поликлиникӕйы бӕрны, кӕцы ацы нысанӕн рахицӕн кодта цалдӕр хӕдтулгӕйы.
Ног хабӕртты лентӕ
0