https://sputnik-ossetia.com/20220211/sportsmeny-kurdiat-ama-trenery-faltardzinad-iuma-arkhassynts-ualakhiz---kotsty-vadim-15442743.html
Спортсмены курдиат ӕмӕ тренеры фӕлтӕрдзинад иумӕ ӕрхӕссынц уӕлахиз - Коцты Вадим
Спортсмены курдиат ӕмӕ тренеры фӕлтӕрдзинад иумӕ ӕрхӕссынц уӕлахиз - Коцты Вадим
Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ирыстойнаг боксер Коцты Артур ӕрӕджы фыццаг бынат бацахста Ижевскы уагъдцӕуӕг ерысты. Йӕ тренер Коцты Вадим куыд бафиппайдта, уымӕ гӕсгӕ уый тынг ирд... 11.02.2022 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2022-02-11T17:07+0300
2022-02-11T17:07+0300
2022-02-11T17:07+0300
радио иронау
хуссар ирыстоны
спорт
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/02/08/15442562_157:0:961:452_1920x0_80_0_0_8a62a8c4e77f21f287853452c62a4e3a.png
Хуссар Ирыстойнаг боксер Коцты Артур ӕрӕджы фыццаг бынат бацахста Ижевскы уагъдцӕуӕг ерысты. Йӕ тренер Коцты Вадим куыд бафиппайдта, уымӕ гӕсгӕ уый тынг ирд ӕнкъарӕнтӕ бавзӕрста, йӕ хъомылгӕнинаг куы рамбылдта, уӕд.Тренеры ныхӕстӕм гӕсгӕ, ӕвзонг боксер хъуамӕ арӕх иса хайад ерысты, цӕмӕй сфӕлтӕра. Хорз боксгӕнӕджы миниуджытӕ та, Вадимы ныхӕстӕм гӕсгӕ, сты тренеры фӕлтӕрдзинад ӕмӕ спотрсмены курдиат."Уыцы дыууӕ миниуӕг хъуамӕ баиу кӕна боксгӕнӕг ӕмӕ тренеры. Спортсмен рингыл ис, фӕлӕ йӕ тренер та фӕрсырдыгӕй хуыздӕр уыны ӕмӕ йын уынаффӕ кӕны", - банысан кодта уый.Ныртӕккӕ та ӕвзонг боксер йӕхи цӕттӕ кӕны Уӕрӕсейы фыццагадмӕ, кӕцы ацӕудзӕн майы.
https://sputnik-ossetia.com/20220207/bokser-kotsty-artur-n-nysan--urseyy-erystm-atsuyn-15411684.html
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2022
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/02/08/15442562_358:0:961:452_1920x0_80_0_0_799ed882df6ea091c151ffd23b7f1488.pngSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
радио иронау , хуссар ирыстоны, спорт
радио иронау , хуссар ирыстоны, спорт
Спортсмены курдиат ӕмӕ тренеры фӕлтӕрдзинад иумӕ ӕрхӕссынц уӕлахиз - Коцты Вадим
Хуссар Ирыстойнаг боксер Коцты Артур ӕрӕджы фыццаг бынат бацахста Ижевскы уагъдцӕуӕг ерысты. Йӕ тренер Коцты Вадим куыд бафиппайдта, уымӕ гӕсгӕ уый тынг ирд ӕнкъарӕнтӕ бавзӕрста, йӕ хъомылгӕнинаг куы рамбылдта, уӕд.
"Дӕ ахуыргӕнинагыл тынгдӕр мӕт кӕныс, дӕ хъус ӕм тынгдӕр дарыс, ӕмӕ тынг ирд ӕнкъарӕнтӕ сты уыдон", - загъта Вадим.
Тренеры ныхӕстӕм гӕсгӕ, ӕвзонг боксер хъуамӕ арӕх иса хайад ерысты, цӕмӕй сфӕлтӕра. Хорз боксгӕнӕджы миниуджытӕ та, Вадимы ныхӕстӕм гӕсгӕ, сты тренеры фӕлтӕрдзинад ӕмӕ спотрсмены курдиат.
"Уыцы дыууӕ миниуӕг хъуамӕ баиу кӕна боксгӕнӕг ӕмӕ тренеры. Спортсмен рингыл ис, фӕлӕ йӕ тренер та фӕрсырдыгӕй хуыздӕр уыны ӕмӕ йын уынаффӕ кӕны", - банысан кодта уый.
Ныртӕккӕ та ӕвзонг боксер йӕхи цӕттӕ кӕны Уӕрӕсейы фыццагадмӕ, кӕцы ацӕудзӕн майы.