https://sputnik-ossetia.com/20220215/15535387.html
Коцты Сосланы хæст: Афганистан хæлардзинад æмæ лæгдзинады æвзарæн
Коцты Сосланы хæст: Афганистан хæлардзинад æмæ лæгдзинады æвзарæн
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 15 фев – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны дыццӕджы нысан кӕнынц Афганистанӕй советон ӕфсӕдты ракӕныны бон. Ӕцӕгӕлон хӕсты дыууӕ ӕмӕ фылдӕр ӕзтӕ... 15.02.2022 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2022-02-15T17:08+0300
2022-02-15T17:08+0300
2022-02-16T14:43+0300
хуссар ирыстоны
репортажтӕ
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/02/0f/15525041_0:0:3071:1728_1920x0_80_0_0_75eee32cb3c013e22ed3c10217c2deb6.jpg
ЦХИНВАЛ, 15 фев – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны дыццӕджы нысан кӕнынц Афганистанӕй советон ӕфсӕдты ракӕныны бон. Ӕцӕгӕлон хӕсты дыууӕ ӕмӕ фылдӕр ӕзтӕ чи арвыста, уыдон нымӕцы уыд Коцты Сослан.Дзуттаджы бӕстыЦхинвалы цӕрӕг Коцты Сосланӕн сабийӕ фӕстӕмӕ йӕ иу хъус уыд хъыгдард ӕмӕ ӕй къамистӕ фаудтой. Спортивон лӕппу ӕддейӕ бакастӕй ничи бафаудтаид, кӕй нӕ бӕззы ӕфсӕддон службӕйӕн, стӕй йӕхӕдӕг дӕр йӕхи фӕстиад нӕ кодта.Афганистан Ӕвзонг лӕппу уӕд нырма нӕ зыдта, разӕй йӕм кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы Афганистан ӕмӕ ӕцӕг хӕстон архӕйдтытӕ."1983 азы нӕм ӕрсидтысты ӕфсадмӕ, Цхинвалӕй дзы уыд фӕсивӕд, фӕлӕ базонгӕ сты ӕрмӕст Тбилисмӕ фӕндагыл автобусыл. Уый размӕ зонгӕ уыдтӕн ме' мкарон Дзигойты Аланимӕ. Аннӕ фӕсивӕдӕй уыдыстӕм дыууӕ азы хистӕр", - радзырдта Сослан.Ирон десантСоветон Гуырдзыстоны ӕмбырдгӕнӕн пунктӕй, уыдон хицӕн хайӕдтыл пырх цыдысты. Ӕфсӕддоны мысинӕгтӕм гӕсгӕ, ӕрсидтонты уарӕн пуктмӕ ӕрӕмбырд сты Советон Гуырдзыстоны районтӕ ӕмӕ автономон зылдты фӕсивӕд. Ацы фӕсивӕдӕй 10 хъуамӕ равзӕрстаиккой десантмӕ, кӕцытӕ ӕрвыст цыдысты Ферганамӕ."Гуырдзиӕгтӕ сӕхи развӕлгъау ныффыссын кодтой десантмӕ, фӕлӕ къамисы зӕрдӕйыл нӕ сӕмбӕлдысты. Афтӕ ӕддаг бакаст равзӕрстой залы 200 ӕрсидтонӕй мах", - мысы хӕстон.Ӕфсӕддон абон дӕр дис кӕны уи 'ппӕт адӕмы хсӕн десантмӕ иууылдӕр ирӕтты куыд равзӕрстой."Иу гуырдзиаг цӕрӕг бинонтӕ сӕ фырты ӕрвыстой ӕмӕ бадзырдтой хистӕртимӕ, цӕмӕй йын йе 'мхӕрӕфыртты дыууӕйӕ йемӕ арвитой. Ацы ӕртӕ лӕппуйӕ дарддӕр аннӕты равзӕрстой ӕрсиддонты залы. Уыдон иууылдӕр разындысты ирӕттӕ, сӕ фылдӕр Цхинвалӕй" - бафтыдта Коцты Сослан.Фыццаг десантон къорды слӕууын кодтой нӕ хъайтары, уый фӕстӕ рӕнхъыл слӕууын кодтой Ирыстоны хъайтар Дзабиты Геннадийы. Стӕй нымӕцмӕ бацыд йӕ хӕлар Дзигойты Алан.Фӕсивӕд Тбилисӕй арвыстой Ташкентмӕ, уый фӕстӕ та Ферганамӕ."Уым базыдтам, кӕй стӕм элитон ӕфсад, цӕттӕ кӕнынц Афганистанмӕ ӕмӕ нӕм ӕрдӕг азы фӕстӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы хӕст", - бахахх кодта уый.Сӕрӕгасӕй ӕрӕздӕхтыстӕмИрон десантон къорды уыдысты Туаты Нодар, Цӕриаты Мераб, Мариамидзе Резо, уый та уыд присаг лӕппу йӕ мад уыд ирон, Плиты Дауыт ӕмӕ ӕндӕртӕ."Хӕсты уӕззау уавӕртӕ уыд, тынг дедовщина дзы уыд. Фыр надӕй бирӕтӕ ӕздӕхтысты инвалидтӕй. Махӕй йӕхи ахӕм уагмӕ ничи 'руагъта. Стӕй хӕст хаста цардтӕ, нӕ лӕппутӕ фӕстӕ нӕ лӕууыдысты, фӕлӕ сӕрӕгасӕй 'рцыдысты", - банысан кодта уый.Уый ма банысан кодта, Афганистаны тугкалӕн хӕстмӕ ӕнӕкӕсгӕйӕ иууылдӕр ӕрӕздӕхтысты сӕрӕгасӕй."Ацы ӕрсидты лӕппутӕ цалынмӕ иууылдӕр ӕрцыдысты, уӕдмӕ нӕ рацыдтӕн",- балхынцъ кодта уый.Коцты Сослан ма нымайы, ӕрмӕст дӕр хӕст ӕмӕ ӕфсады уый ӕцӕг бамбӕрста иронӕй хуыздӕр ӕфсӕддон кӕй нӕй ӕмӕ кадджын кӕй сты. Хӕст ма йӕ схӕлар кодта дыууӕ ӕввахс адӕймагимӕ - Дзабиты Геннадий ӕмӕ Дзигойты Аланимӕ. Афганистаны фӕстӕ уыдон кусгӕ дӕр кодтой иу ран. Ӕртӕ хӕларӕн сӕ тых асаст сӕ къордӕй иу кӕй фӕцух ис."Гена куы нал уыд, уӕд цард цыма бындуронӕй фӕивта. Цард ӕндӕрхуызон ссис. Цыма дын дӕ буары иу хай аскъуыдтой, уыйау", - загъта уый.
https://sputnik-ossetia.com/20220215/na-lapputa-iu-kaddariddar-avzygddar-razyndysty-afganistany-veteranty-mysinagta-15526565.html
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2022
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/02/0f/15525041_301:0:3032:2048_1920x0_80_0_0_d3d5b43bc89ea9afb68c086686bd369e.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, репортажтӕ
хуссар ирыстоны, репортажтӕ
ЦХИНВАЛ, 15 фев – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны дыццӕджы нысан кӕнынц Афганистанӕй советон ӕфсӕдты ракӕныны бон. Ӕцӕгӕлон хӕсты дыууӕ ӕмӕ фылдӕр ӕзтӕ чи арвыста, уыдон нымӕцы уыд Коцты Сослан.
Цхинвалы цӕрӕг Коцты Сосланӕн сабийӕ фӕстӕмӕ йӕ иу хъус уыд хъыгдард ӕмӕ ӕй къамистӕ фаудтой. Спортивон лӕппу ӕддейӕ бакастӕй ничи бафаудтаид, кӕй нӕ бӕззы ӕфсӕддон службӕйӕн, стӕй йӕхӕдӕг дӕр йӕхи фӕстиад нӕ кодта.
"Спорты архайдтон, бӕрзонд, ӕддӕйӕ бакастӕй мын рынчын хуыз нӕ уыд. Дзуттӕгтӕ та сӕ цоты ӕфсадмӕ нӕ уагътой ӕмӕ сын сӕ хъуыддаг чи арӕзта, уыдонӕн ӕхцайӕ хорз лӕггад кодтой. Афтӕ ӕз дӕр бадзырдтон ӕмӕ къамисы хатдзӕг "не годен" ныууӕй кодтон дзуттагӕн, мӕхӕдӕг та афӕндараст дӕн ӕфсадмӕ", - ӕрӕмысыд Коцты Сослан.
Ӕвзонг лӕппу уӕд нырма нӕ зыдта, разӕй йӕм кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы Афганистан ӕмӕ ӕцӕг хӕстон архӕйдтытӕ.
"1983 азы нӕм ӕрсидтысты ӕфсадмӕ, Цхинвалӕй дзы уыд фӕсивӕд, фӕлӕ базонгӕ сты ӕрмӕст Тбилисмӕ фӕндагыл автобусыл. Уый размӕ зонгӕ уыдтӕн ме' мкарон Дзигойты Аланимӕ. Аннӕ фӕсивӕдӕй уыдыстӕм дыууӕ азы хистӕр", - радзырдта Сослан.
Советон Гуырдзыстоны ӕмбырдгӕнӕн пунктӕй, уыдон хицӕн хайӕдтыл пырх цыдысты. Ӕфсӕддоны мысинӕгтӕм гӕсгӕ, ӕрсидтонты уарӕн пуктмӕ ӕрӕмбырд сты Советон Гуырдзыстоны районтӕ ӕмӕ автономон зылдты фӕсивӕд. Ацы фӕсивӕдӕй 10 хъуамӕ равзӕрстаиккой десантмӕ, кӕцытӕ ӕрвыст цыдысты Ферганамӕ.
"Гуырдзиӕгтӕ сӕхи развӕлгъау ныффыссын кодтой десантмӕ, фӕлӕ къамисы зӕрдӕйыл нӕ сӕмбӕлдысты. Афтӕ ӕддаг бакаст равзӕрстой залы 200 ӕрсидтонӕй мах", - мысы хӕстон.
Ӕфсӕддон абон дӕр дис кӕны уи 'ппӕт адӕмы хсӕн десантмӕ иууылдӕр ирӕтты куыд равзӕрстой.
"Иу гуырдзиаг цӕрӕг бинонтӕ сӕ фырты ӕрвыстой ӕмӕ бадзырдтой хистӕртимӕ, цӕмӕй йын йе 'мхӕрӕфыртты дыууӕйӕ йемӕ арвитой. Ацы ӕртӕ лӕппуйӕ дарддӕр аннӕты равзӕрстой ӕрсиддонты залы. Уыдон иууылдӕр разындысты ирӕттӕ, сӕ фылдӕр Цхинвалӕй" - бафтыдта Коцты Сослан.
Фыццаг десантон къорды слӕууын кодтой нӕ хъайтары, уый фӕстӕ рӕнхъыл слӕууын кодтой Ирыстоны хъайтар Дзабиты Геннадийы. Стӕй нымӕцмӕ бацыд йӕ хӕлар Дзигойты Алан.
Фӕсивӕд Тбилисӕй арвыстой Ташкентмӕ, уый фӕстӕ та Ферганамӕ.
"Уым базыдтам, кӕй стӕм элитон ӕфсад, цӕттӕ кӕнынц Афганистанмӕ ӕмӕ нӕм ӕрдӕг азы фӕстӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы хӕст", - бахахх кодта уый.
Ирон десантон къорды уыдысты Туаты Нодар, Цӕриаты Мераб, Мариамидзе Резо, уый та уыд присаг лӕппу йӕ мад уыд ирон, Плиты Дауыт ӕмӕ ӕндӕртӕ.
"Хӕсты уӕззау уавӕртӕ уыд, тынг дедовщина дзы уыд. Фыр надӕй бирӕтӕ ӕздӕхтысты инвалидтӕй. Махӕй йӕхи ахӕм уагмӕ ничи 'руагъта. Стӕй хӕст хаста цардтӕ, нӕ лӕппутӕ фӕстӕ нӕ лӕууыдысты, фӕлӕ сӕрӕгасӕй 'рцыдысты", - банысан кодта уый.
Уый ма банысан кодта, Афганистаны тугкалӕн хӕстмӕ ӕнӕкӕсгӕйӕ иууылдӕр ӕрӕздӕхтысты сӕрӕгасӕй.
"Ацы ӕрсидты лӕппутӕ цалынмӕ иууылдӕр ӕрцыдысты, уӕдмӕ нӕ рацыдтӕн",- балхынцъ кодта уый.
Коцты Сослан ма нымайы, ӕрмӕст дӕр хӕст ӕмӕ ӕфсады уый ӕцӕг бамбӕрста иронӕй хуыздӕр ӕфсӕддон кӕй нӕй ӕмӕ кадджын кӕй сты. Хӕст ма йӕ схӕлар кодта дыууӕ ӕввахс адӕймагимӕ - Дзабиты Геннадий ӕмӕ Дзигойты Аланимӕ. Афганистаны фӕстӕ уыдон кусгӕ дӕр кодтой иу ран. Ӕртӕ хӕларӕн сӕ тых асаст сӕ къордӕй иу кӕй фӕцух ис.
"Гена куы нал уыд, уӕд цард цыма бындуронӕй фӕивта. Цард ӕндӕрхуызон ссис. Цыма дын дӕ буары иу хай аскъуыдтой, уыйау", - загъта уый.