ПӔК: гуырдзиаг вандалтӕ фехӕлдтой Хуссар Иры арӕн ӕмӕ сарӕзтой провокаци

© Пресс-служба КГБ РЮОГуырдзиаг вандалтӕ фехӕлдтой Хуссар Иры арӕн ӕмӕ сарӕзтой провокаци
Гуырдзиаг вандалтӕ фехӕлдтой Хуссар Иры арӕн ӕмӕ сарӕзтой провокаци - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 17.02.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 17 фев - Sputnik. Гуырдзыстоны ӕмбӕстӕгтӕ фехӕлдтой Хуссар Ирыстоны паддзахадон арӕн ӕмӕ бахъыгдартой арӕнгӕрон нысан, хъусын кӕны республикӕйы Паддзахадон ӕдасдзинады комитеты (ПӔК) пресс-службӕ.
Уагдоны банысан кодтой, цау кӕй ӕрцыд 14 февралы Ленингоры районы Орчъосаны хъӕуы цур. Арӕнхалджытӕ ныффыстой информацион нысаныл ӕнӕхсгӕ аэрозолон ахорӕнтӕй. Вандалты гоймагдзинад бӕрӕг нӕу.
Цауы фӕдыл уагъд цӕуы равзӕрст, провокацийы фарст та рахӕсдзысты ИӔАМ форматы радон фембӕлдмӕ.
ПӔК Арӕнгӕрон службӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 03.02.2022
Бибылты Анатолий раарфӕ кодта ПӔК Арӕнгӕрон службӕйы кусджытӕн уагдоны сӕвзӕрды цытӕн
ПӔК банысан кодтой, Гуырдзыстоны кӕй рӕзы реваншистон зӕрды ахаст.
"Уӕззау политикон ӕмӕ ӕхсӕнадӕмон процессты фӕлгӕтты ПӔК банысан кодта Гуырдзыстоны реваншистон зӕрдӕйы ахасты рӕзт, уымӕн ӕмӕ уыдон хорзыл нымайынц Украинӕйы архӕйдтытӕ Луганск ӕмӕ Донецкы сабыр цӕрджыты ныхмӕ, ӕмӕ уый гӕнӕн ис фӕкарздӕр кӕна РХИ ӕмӕ Гуырдзыстоны хсӕн ахастытӕ", - дзырдӕуы хъусинаджы.
Комитеты бахахх кодтой, зӕгъгӕ, Гуырдзыстоны режимы архӕйдтытӕ нӕ стабилизаци кӕнынц уавӕр паддзахадон арӕныл ӕмӕ сты ӕртхъирӕн регионалон ӕдасдзинадӕн.
Ног хабӕртты лентӕ
0