19 претенденты: ЦӔК сарӕзта ӕвзӕрстыты агъоммӕ кампанийы фыццаг хатдзӕгтӕ

© Sputnik / Наталья АйриянРХИ хицауад
РХИ хицауад - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 21.02.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 21 фев - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны бацыдысты фыццаг ӕмгъуыдмӕ ӕвзӕрстыты агъоммӕ кампанийы. Ӕдӕппӕт президентмӕ кандидаттӕй претендентӕ сты 19 адӕймаджы, уыдонӕй 15-ы раразмӕ кодтой инициативон къордтӕ, цыппары та политикон партитӕ.
Документтӕ ист цыдысты хуыцаубоны изӕры ӕхсӕз сахатмӕ.
"Иууылдӕр сӕ гӕххӕтыты ӕрбахастой, ничи байрӕджы кодта. 15 инициативон къорды нымӕцы ис Тасойты Борисы къорд дӕр. Уымӕн ӕмӕ уый дӕр йӕ гӕххӕттытӕ 'рбарвыста, кӕд залы 80 адӕймаджы дӕр нӕ уыд, уӕддӕр сӕм ис 112 къухфысты",- загъта ЦӔК-ы кусӕг Цоциты Игорь.
Уый ма банысан кодта, ацы номхыгъды нӕй кӕцыдӕр аххосӕгтӕм гӕсгӕ ӕвзӕрстыты агъоммӕ кампанийӕ чи рахызт, уыдон.
ЦӔК Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 16.02.2022
Хуссар Иры ЦӔК срегистраци кодта фыццаг инициативон къорды
"Мах нымады нал сты Годжысаты Нелли, Джиоты Анатолий, Тъехты Алан ӕмӕ ветеранты цӕдисы кандидат", - загъта уый
Централон ӕвзарӕн къамисӕн ис рӕстӕг фондз боны ӕмгъуыд алкӕцы инициативон къорды гӕххӕтытимӕ кусынӕн.
Партитӕй раразмӕгонд ӕрцыдысты Плиты Александр, Чилӕхсаты Владимир, Бибылты Анатолий ӕмӕ Тадтаты Таймураз.
Инициативон къордтӕ размӕ кодтой президенты бынатмӕ кандидаттӕй Къацты Генойы, Гаглойты Аланы, Мулдарты Гаррийы, Санахъоты Дауыты, Зӕгъойты Рустамы, Пухаты Владимиры, Къозонты Аланы, Гассеты Ибрагимы, Кокойты Эдуарды, Хъазиты Зелимы, Уалыты Альберты, Тасойты Дмитрийы, Къутӕрты Асланы, Тасойты Борисы ӕмӕ Плиты Алымбеджы.
Ног хабӕртты лентӕ
0