Дыгъуызты Лиана: саби йӕ мадӕлон ӕвзаг куы зона, уӕд ӕндӕр ӕвзӕгтӕ дӕр ӕнцонæй ахуыр кӕны

Дыгъуызты Лиана: саби йӕ мадӕлон ӕвзаг куы зона, уӕд ӕндӕр ӕвзӕгтӕ дӕр ӕнцонæй ахуыр кӕны
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны, куыд æппæт дунейы, 21 февралы нысан кæнынц Мадӕлон ӕвзаджы Ӕхсӕнадӕмон бон. Ирон ӕвзаг ӕмӕ литературӕйы сгуыхт ахуыргӕнӕг Дугъуызты Лиана радио Sputnik Хуссар Ирыстоны эфиры радзырда, республикæйы ахуырадон процесс куыд дӕтты дзаупп нырыккон домӕнтӕн, уый тыххæй.
"Афтӕ зӕгъон ӕмӕ ирон ӕвзагӕн тынг ирд сомбон уынын, куыд ахуыргӕнӕг, амæ афтæ нæу, хъыгагӕн. Тынг зын мын у уый дзурын, фӕлӕ абон сывӕллӕттӕ ӕвзыгъдæрӕй дзурынц уырыссагау, ӕмӕ уымӕн ис бирӕ аххосӕгтӕ", - загъта ахуыргӕнӕг.
Дыгъуызты Лианайы хъуыдымӕ гӕсгӕ, мадӕлон ӕвзаг бинонтӕй цӕуы, ӕмӕ уымӕ хъӕуы фылдӕр хъусдард аздахын.
"Махмӕ Абайты Уасойӕ стырдӕр ахуыргонд нӕй, ӕмӕ уый загъта ахӕм ныхас, зæгъгæ, алы ирон хӕдзары дӕр къулыл хъуамӕ фыст уа: "Ам дзуырнц иронау". Бинонты ‘хсӕн ацы фӕдзӕхс хъуамӕ ӕрфидар уа", - бафиппайдта Лиана Борисы чызг.
Ирон ӕвзаджы ахуыргӕнӕг бахахх кодта, сывӕллон йӕ мадӕлон ӕвзаг куы зона, уӕд иннӕ ӕвзӕгтӕ ӕнцондӕрæй ахуыр кӕны.
Лӕмбынӕгдӕр байхъусут аудиоӕрмӕджы кӕнӕ 106.3 FM.
Ног хабӕртты лентӕ
0