https://sputnik-ossetia.com/20220224/khussar-ir-raysdzn-fytstsag-ligdtty-donetsky-15644468.html
Хуссар Ир райсдзæн фыццаг лигъдæтты Донецкæй
Хуссар Ир райсдзæн фыццаг лигъдæтты Донецкæй
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 24 фев – Sputnik, Гæбæраты Элина. Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон уавæрты министрад цыппæрæмы арвыста транспорт Донбассæй лигъдæтты размæ, кæцытæ ныууагътой... 24.02.2022 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2022-02-24T15:40+0300
2022-02-24T15:40+0300
2022-02-24T15:40+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e4/0c/18/11599724_0:0:3072:1728_1920x0_80_0_0_af1bbc82974c4a48d8c45832f3dbd85b.jpg
ЦХИНВАЛ, 24 фев – Sputnik, Гæбæраты Элина. Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон уавæрты министрад цыппæрæмы арвыста транспорт Донбассæй лигъдæтты размæ, кæцытæ ныууагътой сæ хæдзæрттæ, регионы хæстон архæйдтытæ кæй райдыдтой, уый фæстиуæгæн. Уый тыххæй Sputnik фехъусын кодта республикæйы УУМ сæргълæууæджы фыццаг хæдивæг Бестауты Ацæмæз. Лигъдæттæ, Бестауты Ацæмæзы ныхæстæм гæсгæ, æрцæрдзысты Хуссар Ирыстоны сæйраг горæты уазæгдæтты. Цыппæрæмы райсомæй президент Бибылты Анатолий æдасдзинады советы экстренон рабадты бахæс кодта саразын оперштаб йæхи къухдариуæгадæй Донбасс æмæ Украинæйы сæвзæргæ уавæры тыххæй. Афтæ ма тыхон структурæтæ иууылдæр конд æрцыдысты казармæйон уавæрмæ.
https://sputnik-ossetia.com/20220224/bibylty-anatoliy-rasidt-opershtaby-araztad-ama-rakodta-afsad-kazarmayon-uavarma-15641570.html
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2022
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e4/0c/18/11599724_183:0:2912:2047_1920x0_80_0_0_a1e6eb6f235987346195ab45159f603c.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ
Хуссар Ир райсдзæн фыццаг лигъдæтты Донецкæй
ЦХИНВАЛ, 24 фев – Sputnik, Гæбæраты Элина. Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон уавæрты министрад цыппæрæмы арвыста транспорт Донбассæй лигъдæтты размæ, кæцытæ ныууагътой сæ хæдзæрттæ, регионы хæстон архæйдтытæ кæй райдыдтой, уый фæстиуæгæн. Уый тыххæй Sputnik фехъусын кодта республикæйы УУМ сæргълæууæджы фыццаг хæдивæг Бестауты Ацæмæз.
"Автобус УУМ æмæ ПАИ кусджытимæ ацыд ныридæгæн Донецкæй лигъдæтты размæ. Развæлгъау бæрæггæнæнтæм гæсгæ, сом Цхинвалмæ æрцæудзысты 60 адæймаджы онг - сæйраджыдæр сылгоймæгтæ æмæ сывæллæттæ", - загъта уый.
Лигъдæттæ, Бестауты Ацæмæзы ныхæстæм гæсгæ, æрцæрдзысты Хуссар Ирыстоны сæйраг горæты уазæгдæтты.
Цыппæрæмы райсомæй президент Бибылты Анатолий æдасдзинады советы экстренон рабадты бахæс кодта саразын оперштаб йæхи къухдариуæгадæй Донбасс æмæ Украинæйы сæвзæргæ уавæры тыххæй. Афтæ ма тыхон структурæтæ иууылдæр конд æрцыдысты казармæйон уавæрмæ.