https://sputnik-ossetia.com/20220301/dzauy-rayony-tsauy-syvalatta-ama-khistar-adamy-dispanserizatsi-15704167.html
Дзауы районы цӕуы сывӕлӕттӕ ӕмӕ хистӕр адӕмы диспансеризаци
Дзауы районы цӕуы сывӕлӕттӕ ӕмӕ хистӕр адӕмы диспансеризаци
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 1 мар - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Дзауы районы къуырийы кӕронмӕ ахицӕн уыдзӕн скъоладзауты диспансеризаци, фехъусын кодта районы... 01.03.2022 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2022-03-01T11:30+0300
2022-03-01T11:30+0300
2022-03-01T13:21+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/689/67/6896792_0:0:3000:1688_1920x0_80_0_0_9fa1c17d9739a920e236cfa6f7894c15.jpg
ЦХИНВАЛ, 1 мар - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Дзауы районы къуырийы кӕронмӕ ахицӕн уыдзӕн скъоладзауты диспансеризаци, фехъусын кодта районы рынчындоны разамонӕг Гасситы Константин.Медиктӕ ныридӕгӕн кусынц Дзауы скъолайы, ахуырадон уагдоны контингент у 200 ахуырдзауы.Уый ма бафтыдта, зӕгъгӕ, басгӕрст цы проблемӕтӕ равдиса, уыдонмӕ дарддӕр здӕхт цӕудзӕн хъусдард."Рабӕрӕг кодтам зӕрдӕйы, цӕстыты ӕмӕ ӕндӕр низтимӕ проблемӕтӕ скъоладзаутӕн. Сӕ басгӕрсттӕ бӕстон ахуыр цӕудзысты", - бафтыдта медик.Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, диспансеризаци цӕуы дыууӕ этапӕй - кӕстӕртӕ ӕмӕ хистӕрты хсӕн.Медиктӕ ныридӕгӕн чысыл цухдзинад ӕвзарынц ӕрмӕгӕй, бафтыдта Гасситы Константин, фӕлӕ сын ног къуырийы ныфс дӕттынц баххӕст кӕнын ӕппӕт ӕнӕмӕнгхъӕуӕгӕй.
https://sputnik-ossetia.com/20211008/Tskhinvaly-mediko-sotsialon-tsentry-atsyd-dispanserizatsi-12921613.html
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2022
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/689/67/6896792_333:0:3000:2000_1920x0_80_0_0_ce5cadd52c0881bfd06f04a402f7b57f.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ
Дзауы районы цӕуы сывӕлӕттӕ ӕмӕ хистӕр адӕмы диспансеризаци
11:30 01.03.2022 (Ранӕуӕггонд: 13:21 01.03.2022) ЦХИНВАЛ, 1 мар - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Дзауы районы къуырийы кӕронмӕ ахицӕн уыдзӕн скъоладзауты диспансеризаци, фехъусын кодта районы рынчындоны разамонӕг Гасситы Константин.
Медиктӕ ныридӕгӕн кусынц Дзауы скъолайы, ахуырадон уагдоны контингент у 200 ахуырдзауы.
"Тынг ахсджиаг у, кӕстӕрты сгарын кӕй райдыдтой, рагӕй нӕм нӕ цыд ахӕм куыст. Кусынц нӕхи бынӕттон дохтыртӕ ӕмӕ РБМЦ-йы специалисттӕ - хирург, педиатр, лор ӕмӕ окулист. Уымӕй дарддӕр арӕзт цӕуынц анализтӕ", - загъта Гасситы Константин.
Уый ма бафтыдта, зӕгъгӕ, басгӕрст цы проблемӕтӕ равдиса, уыдонмӕ дарддӕр здӕхт цӕудзӕн хъусдард.
"Рабӕрӕг кодтам зӕрдӕйы, цӕстыты ӕмӕ ӕндӕр низтимӕ проблемӕтӕ скъоладзаутӕн. Сӕ басгӕрсттӕ бӕстон ахуыр цӕудзысты", - бафтыдта медик.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, диспансеризаци цӕуы дыууӕ этапӕй - кӕстӕртӕ ӕмӕ хистӕрты хсӕн.
"Карджын адӕмы диспансеризаци цӕуы уӕззаудӕрӕй, ацы басгӕрст сӕрдмӕ хъавӕм фӕуын. Уый дӕр бирӕ бӕрцӕй аразгӕ уыдзӕн эпидемиологон уавӕрӕй", - бафиппайдта сӕйраг дохтыр.
Медиктӕ ныридӕгӕн чысыл цухдзинад ӕвзарынц ӕрмӕгӕй, бафтыдта Гасситы Константин, фӕлӕ сын ног къуырийы ныфс дӕттынц баххӕст кӕнын ӕппӕт ӕнӕмӕнгхъӕуӕгӕй.