Амалиуæггæнæг: хæлцады æргътæ хизынц 50 проценты онг

Амалиуæггæнæг: хæлцадыл æргътæ хизынц 50 процентмæ
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны дуканиты фӕстаг рæстæджы сырæзтысты æргътæ куыд хæлцад, афтæ цардуагон химийыл. Уый фæстиуæгæн радио Sputnik йæ хъуыды загъта амалиуæггæнæг Гуыззыттаты Этери.
"Прайс-лист мæм раппæрстой, товар кæмæй фæисын, уыдон, æмæ сæм æргътæ схызтысты 40-50% онг", - радзырдта амалиуæггæнæг.
Уый ма банысан кодта, ныридæгæн йæ базайрæгтæ кæй уæй кæны зæронд æргътæм гæсгæ, уымæн æмæ зоны адæмы уавæр.
"Бафæдзæхстой мæ, æргътыл куыннæ схæцон, уæд минусы ацæудзынæн, фæлæ мæхæдæг дæр æлхæнæг дæн æмæ уымæ гæсгæ адæмæн дæр тæригъæд кæнын", - банысан кодта Гуыззыттаты Этери.
Дуканигӕс бамбарын кодта, кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы Транскамы байгоммæ, æмæ цы ног товар æрласа, уыдон уæй кæндзæн ног æргътæм гæсгæ.
Бæстондæрæй æрмæгмæ хъусут радио Sputnik Хуссар Ирыстон, 106.3 FM.
Ног хабӕртты лентӕ
0