Хуссар Иры ацӕудзысты Ереды трагедийы амӕттӕгты мысӕн мадзӕлттӕ

© Sputnik / Natalia AiriyanЕреды трагеди
Ереды трагеди - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 17.03.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 17 мар - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны майрӕмбоны ссардзысты Ереды трагедийы амӕттӕгты рухс нӕмттӕ, фехъусын кодтой Sputnik культурӕйы министрады пресс-службӕйы.
1991 азы 18 марты Ереды хъæуы цур гуырдзиаг хотыхджын ӕфсӕддонтӕ рахизын кодтой Дменисæй Цхинвалмæ цæуæг автобусæй адӕмы. 12 ирон нӕлгоймаджы бирӕ фыдмиты фӕстӕ удæгасæй баныгæдтой.

"Фыдохы митинг ӕмӕ дидинтӕ ӕвӕрыны церемони ацӕудзӕн боны 11 сахатыл. Фыдохы мадзӕлтты хайад райсдзысты ӕхсӕнады минӕвӕрттӕ ӕмӕ республикӕйы разамынад ӕмӕ ӕбуалгъ бӕллӕхы бахауӕг адӕмы хиуӕттӕ", - загътой уагдоны.

Уым ма бафтыдтой, Ереды трагедийы амӕттӕгты цырт сцӕттӕ ис, скъуыддзаг цӕуы кӕм йӕ сывӕрой, уый бынат.
"Фӕнд кӕнынц цырт сӕвӕрын Цхинвал-Присы трассӕгӕрон. Фӕлӕ кӕройнаг скъуыддзаг уыдзӕн трагедийы амӕттӕгты хицӕутты разыдзинадӕй. Стӕй ма боныгъӕд дӕр нырма къух нӕ аразы", - бафтыдтой уым.
© Sputnik / Фатима ПлиеваЕреды трагедийы амӕттӕгты цырт
Памятник жертвам Ередской трагедии - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 17.03.2022
Ереды трагедийы амӕттӕгты цырт
Мемориалон комплекс бацӕттӕ кодта республикӕйы сгуыхт нывгӕнӕг Зассеты Сӕрмӕт. Уымӕн йӕ ном хъуыстгонд у куыд Зары трагедийы цырты автор, стӕй ма разамынад дӕтты Тугъанты Махарбежы номыл Нывгӕнӕн ахуыргӕнӕндонӕн. Уый заказ райста Культурӕйы министрады конкурсы уӕлахизы фӕстиуӕгӕн.
Мемориалон цырты централон бынаты сты Ереды трагедийы 12 амӕттаджы. Бӕлццӕтты, кӕцыты гуырдзиӕгтӕ систой амынӕты, фӕнадтой ӕмӕ сыл удӕгасӕй баныгӕныны размӕ бафтыдтой арт.
Мемориалон цырт саразыны фӕнд раразмӕ кодта хицауад, проектты конкурс цыд Культурӕйы министрады, проекттӕ ӕвзарыны куысты хайад истой Ереды трагедийы амӕттӕгты хиуӕттӕ.
Ног хабӕртты лентӕ
0