https://sputnik-ossetia.com/20220317/khussar-iry-pak-kusdzhyta-sgarynts-tsak-kusagon-dokumentatsiyy-iu-khay-15931036.html
Хуссар Иры ПӔК кусджытӕ сгарынц ЦӔК кусӕгон документацийы иу хай
Хуссар Иры ПӔК кусджытӕ сгарынц ЦӔК кусӕгон документацийы иу хай
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 17 мар – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны Паддзахадон ӕдасдзинады комитеты кусджытӕ уадзынц басгӕрст Централон ӕвзарон къамисы. Уагдонмӕ бацыд... 17.03.2022 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2022-03-17T13:13+0300
2022-03-17T13:13+0300
2022-03-18T09:22+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
политикӕ
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/876/49/8764928_0:120:1280:840_1920x0_80_0_0_98d81f4bafe42b843b4219e2a98bae13.jpg
ЦХИНВАЛ, 17 мар – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны Паддзахадон ӕдасдзинады комитеты кусджытӕ уадзынц басгӕрст Централон ӕвзарон къамисы. Уагдонмӕ бацыд къамисы уӕнгтӕй иуы куырдиат, кӕцы фехъусын кодта, зӕгъгӕ, президенттӕм кандидаттӕй иуы документты хсӕнӕй фесӕфтысты цалдӕр сыфы къухфысттимӕ. Уый тыхӕй хъусын кӕны ПӔК пресс-службӕ.Уагдоны бахахх кодтой, ПӔК кӕй архайы республикӕйы закӕтты фӕлгӕтты, комитеты дӕлхайӕдтӕ объективонӕй сгарынц, паддзахадон ӕдасдзинад сифтонг кӕнынмӕ цы хауы, уыцы ӕрмӕджытӕ иууылдӕр.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2022
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/876/49/8764928_0:0:1280:960_1920x0_80_0_0_b009b054bd92fde166b4cd0bed822b83.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, политикӕ
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, политикӕ
Хуссар Иры ПӔК кусджытӕ сгарынц ЦӔК кусӕгон документацийы иу хай
13:13 17.03.2022 (Ранӕуӕггонд: 09:22 18.03.2022) ЦХИНВАЛ, 17 мар – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны Паддзахадон ӕдасдзинады комитеты кусджытӕ уадзынц басгӕрст Централон ӕвзарон къамисы. Уагдонмӕ бацыд къамисы уӕнгтӕй иуы куырдиат, кӕцы фехъусын кодта, зӕгъгӕ, президенттӕм кандидаттӕй иуы документты хсӕнӕй фесӕфтысты цалдӕр сыфы къухфысттимӕ. Уый тыхӕй хъусын кӕны ПӔК пресс-службӕ.
"Банысангонд куырдиаты фӕлгӕтты уагдон расидт слестагъоммӕ басгӕрст, кӕцыйы рӕстӕджы уагъд ӕрцыдысты райдиан мадзӕлттӕ, се 'хсӕн ЦӔК кусӕгон документацийы иу хайы райст. Ныридӕгӕн дарддӕр уагъд цӕуынц мадзӕлттӕ, кӕцыты фӕстиуӕгӕн ист ӕрцӕудзӕн ӕмбӕлон скъуыддзаг", - банысан кодтой ПӔК пресс-службӕйы.
Уагдоны бахахх кодтой, ПӔК кӕй архайы республикӕйы закӕтты фӕлгӕтты, комитеты дӕлхайӕдтӕ объективонӕй сгарынц, паддзахадон ӕдасдзинад сифтонг кӕнынмӕ цы хауы, уыцы ӕрмӕджытӕ иууылдӕр.