https://sputnik-ossetia.com/20220317/tskhinvaly-fastag-kharzbon-zagtoy-bakhaty-andreyan-katsy-famard-ukrainayy-15935555.html
Цхинвалы фӕстаг хӕрзбон загътой Бахъаты Андрейӕн, кӕцы фӕмард Украинайы
Цхинвалы фӕстаг хӕрзбон загътой Бахъаты Андрейӕн, кӕцы фӕмард Украинайы
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 17 мар – Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Хуссар Ирыстоны сӕдӕгай цӕрджытӕ цыппӕрӕмы фӕстаг хӕрзбон загътой Бахъаты Андрейӕн – УФ Гарзджын тыхты 58-ӕм ӕфсады... 17.03.2022 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2022-03-17T15:34+0300
2022-03-17T15:34+0300
2022-03-17T15:34+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/03/11/15933326_0:160:3072:1888_1920x0_80_0_0_a0bdf77a55b36267cb4099f61db987c4.jpg
ЦХИНВАЛ, 17 мар – Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Хуссар Ирыстоны сӕдӕгай цӕрджытӕ цыппӕрӕмы фӕстаг хӕрзбон загътой Бахъаты Андрейӕн – УФ Гарзджын тыхты 58-ӕм ӕфсады ӕфсӕддонӕн, кӕцы фӕмард Уӕрӕсейы сӕрмагонд операцийы рӕстӕджы Донбассы цӕрджыты бахъахъхъӕныны фӕдыл.Хъайтарӕн фӕстаг хӕрзбон зӕгъынмӕ ӕрбацыдысты республикӕйы къухдариуӕгад, парламенты депутаттӕ, афтӕ ма йӕ раздӕры ӕмкусонтӕ, хӕлӕрттӕ ӕмӕ хиуӕттӕ.Уӕрӕсейы минӕвар Хуссар Ирыстоны Марат Кулахметов бахахх кодта, "Андрейы хуызӕн адӕмыл лӕууы дуне"."Абон мах фӕстаг хӕрзбон дзурӕм Ирыстоны иузӕрдыг хъӕбул, Уӕрӕсейы аккаг хъӕбул, фыд, ӕмкъай ӕмӕ уарзон лӕппуйӕн. Бахъаты Андрей йӕ цард снывонд кодта йӕ фыдыбӕстӕйӕн службӕ кӕнынӕн, ӕмӕ куы бахъуыд, уӕд сӕххӕст кодта йӕ ӕфсӕддон хӕс. Мах хъуамӕ дзурӕм нӕ сывӕллӕттӕн, кӕй ис ахӕм адӕм, ӕмӕ цалынмӕ уыдон сты, уӕдмӕ уыдзӕн сабырдзинад ӕмӕ фидӕн. Бахатыр кӕнут, кӕй йӕ нӕ бахъахъхъӕдтам", - загъта Кулахметов.Президент Бибылты Анатолий банысан кодта, Бахъаты Андрей кӕй у фӕлтӕры минӕвар, кӕцы схъомыл ис хӕстон рӕстӕджы."Ацы фӕлтӕрӕн сабыр цард райдыдта ӕрмӕст 2008 азы. Куыд адӕймаг, кӕцы рацыд 2004 ӕмӕ 2008 азты хӕстытӕ, афтӕ уый йӕхи нӕ аиуварс кодта, Уӕрӕсейы дӕр ӕххуыс куы бахъуыд, уӕд", - бахахх кодта Бибылты Анатолий.Бахъаты Андрейы, кӕцы службӕ кодта Уӕрӕсейы Федерацийы Гарзджын тыхты 58-ӕм ӕфсады дӕлхайӕдтӕй иуы, мӕлӕты фӕстӕ схорзӕхджын кодтой УФ Хъайтардзинады орденӕй, Цхинвалы та йӕ схорзӕхджын кодтой майданӕй "Фыдыбӕстӕ хъахъхъӕнӕгӕн".Бахъаты Андрейыл цыд 35 азы, баззадысты йын ӕмкъай ӕмӕ дыууӕ сабийы.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2022
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/03/11/15933326_172:0:2901:2047_1920x0_80_0_0_dd6bca1497c4036f5110cf5c001af625.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ
ЦХИНВАЛ, 17 мар – Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Хуссар Ирыстоны сӕдӕгай цӕрджытӕ цыппӕрӕмы фӕстаг хӕрзбон загътой Бахъаты Андрейӕн – УФ Гарзджын тыхты 58-ӕм ӕфсады ӕфсӕддонӕн, кӕцы фӕмард Уӕрӕсейы сӕрмагонд операцийы рӕстӕджы Донбассы цӕрджыты бахъахъхъӕныны фӕдыл.
Хъайтарӕн фӕстаг хӕрзбон зӕгъынмӕ ӕрбацыдысты республикӕйы къухдариуӕгад, парламенты депутаттӕ, афтӕ ма йӕ раздӕры ӕмкусонтӕ, хӕлӕрттӕ ӕмӕ хиуӕттӕ.
Уӕрӕсейы минӕвар Хуссар Ирыстоны Марат Кулахметов бахахх кодта, "Андрейы хуызӕн адӕмыл лӕууы дуне".
"Абон мах фӕстаг хӕрзбон дзурӕм Ирыстоны иузӕрдыг хъӕбул, Уӕрӕсейы аккаг хъӕбул, фыд, ӕмкъай ӕмӕ уарзон лӕппуйӕн. Бахъаты Андрей йӕ цард снывонд кодта йӕ фыдыбӕстӕйӕн службӕ кӕнынӕн, ӕмӕ куы бахъуыд, уӕд сӕххӕст кодта йӕ ӕфсӕддон хӕс. Мах хъуамӕ дзурӕм нӕ сывӕллӕттӕн, кӕй ис ахӕм адӕм, ӕмӕ цалынмӕ уыдон сты, уӕдмӕ уыдзӕн сабырдзинад ӕмӕ фидӕн. Бахатыр кӕнут, кӕй йӕ нӕ бахъахъхъӕдтам", - загъта Кулахметов.
Президент Бибылты Анатолий банысан кодта, Бахъаты Андрей кӕй у фӕлтӕры минӕвар, кӕцы схъомыл ис хӕстон рӕстӕджы.
"Ацы фӕлтӕрӕн сабыр цард райдыдта ӕрмӕст 2008 азы. Куыд адӕймаг, кӕцы рацыд 2004 ӕмӕ 2008 азты хӕстытӕ, афтӕ уый йӕхи нӕ аиуварс кодта, Уӕрӕсейы дӕр ӕххуыс куы бахъуыд, уӕд", - бахахх кодта Бибылты Анатолий.
Бахъаты Андрейы, кӕцы службӕ кодта Уӕрӕсейы Федерацийы Гарзджын тыхты 58-ӕм ӕфсады дӕлхайӕдтӕй иуы, мӕлӕты фӕстӕ схорзӕхджын кодтой УФ Хъайтардзинады орденӕй, Цхинвалы та йӕ схорзӕхджын кодтой майданӕй "Фыдыбӕстӕ хъахъхъӕнӕгӕн".
Бахъаты Андрейыл цыд 35 азы, баззадысты йын ӕмкъай ӕмӕ дыууӕ сабийы.