Зассеты Зауыр Хуссар Ирыстоны амалиуæггæнджыты уавæры тыххæй

Зассеты Зауыр амалиууæггæнджыты уавæрыл
Рафыссын
Уæрæсейы экономикæйы стыр ивындзинæдтæ кæй цæуынц, уымæ гæсгæ æргътæ дæр уæлæмæ хизынц. Арæзт цæуынц æргътæ стабилизаци кæныны фæдыл мадзæлттæ, фæлæ уæддæр, нымадмæ гæсгæ, уыдон схызтысты 40 процентæй уæлдæр. Уырдæм хауынц хæлцад æмæ æрвылбонон цардуаджы хими. Уыимæ иумæ ма схызтысты хæдтулгæты æрмæджыты æргътæ дæр. Уый тыххæй радио Sputnik радзырдта амалиуæггæнæг Зассеты Зауыр.
"Фæсарæйнаг хæдтулгæты маслотæн сæ æргътæ схызтысты 150%. Уæрæсейагтæн та сæ аргъ схызт 25-30% онг", - радзырдта амалиуæггæнæг.
Уый банысан кодта, зæгъгæ, амалиуæггæнæгыл стыр уæз æрцæуы, æлхæнæн аргъ сæдæ процентмæ куы схизы, уæд.
Уый размæ Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий хицауады уӕнгтимӕ экстренон рабадтыл бахӕс кодта уагдӕттӕн хъус дарын хӕлцадон продукттӕ ӕмӕ хосты ӕргътӕм ӕмӕ ма руадзын сӕ ӕнӕбындурон фӕфылдӕр.
Бæстондæрæй æрмæгмæ хъусут радио Sputnik Хуссар Ирыстоны 106.3 fm.
Ног хабӕртты лентӕ
0