https://sputnik-ossetia.com/20220317/zhenevag-diskussity-radon-raund-argavtoy-abarag-rastagma-15930001.html
Женеваг дискусситы радон раунд аргъӕвтой ӕбӕрӕг рӕстӕгмӕ
Женеваг дискусситы радон раунд аргъӕвтой ӕбӕрӕг рӕстӕгмӕ
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 17 мар — Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Фӕскавказы ӕдасдзинады фӕдыл Женеваг дискусситы радон рауд аргъӕвтой ӕбӕрӕг рӕстӕгмӕ, фехъусын кодта Sputnik... 17.03.2022 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2022-03-17T14:35+0300
2022-03-17T14:35+0300
2022-03-29T10:37+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e5/0c/1c/15083897_0:0:3641:2048_1920x0_80_0_0_fe2e6ec2acece1278d6b2bf870733880.jpg
ЦХИНВАЛ, 17 мар — Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Фӕскавказы ӕдасдзинады фӕдыл Женеваг дискусситы радон рауд аргъӕвтой ӕбӕрӕг рӕстӕгмӕ, фехъусын кодта Sputnik президенты паддзахадон уынаффӕгӕнӕг Коцты Константин.Дискусситы ивгъуыд раунд ацыд Женевайы 7-8 декабры. Фембӕлдыл дзырд цыд регионалон ӕдасдзинады проблематикӕйыл, Гуырдзыстон цӕмӕй тыхӕй ма пайда кӕна, афтӕ ма ирон арӕнгӕрон хъӕу Уисты районы гуырдзиаг постыл.Афтӕ ма уый банысан кодта, Инциденттӕ ма руадзын ӕмӕ сӕ аиуварс кӕныны фӕдыл механизмты формат (ИӔАМ) аздӕхыныл нырма дзырд нӕ цӕуы."Ӕмсӕрдартӕ бӕрӕг кӕнынц раунд аргъӕвыны аххосаг куыд "ныры уавӕртӕ". Аиуварс кодтой ӕмсӕрдарты балцытӕ Цхинвал, Сухум, Мӕскуы ӕмӕ Тбилисмӕ", - бахахх кодта Коцты Константин.Фæскавказы фæдыл женеваг дискусситæ уагъд цæуынц 2008 азæй фæстæмæ. Абоны бон уый у иунæг диалогон формат Абхаз, Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны минæвæрттæн. Уымæй дарддæр ма сæ хайад исынц Уæрæсе, АИШ, афтæ ма ИНО, ОБСЕ æмæ Евроцæдисы минæвæрттæ.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2022
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e5/0c/1c/15083897_412:0:3143:2048_1920x0_80_0_0_742130ea90173545a033794107097e67.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ
Женеваг дискусситы радон раунд аргъӕвтой ӕбӕрӕг рӕстӕгмӕ
14:35 17.03.2022 (Ранӕуӕггонд: 10:37 29.03.2022) ЦХИНВАЛ, 17 мар — Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Фӕскавказы ӕдасдзинады фӕдыл Женеваг дискусситы радон рауд аргъӕвтой ӕбӕрӕг рӕстӕгмӕ, фехъусын кодта Sputnik президенты паддзахадон уынаффӕгӕнӕг Коцты Константин.
Дискусситы ивгъуыд раунд ацыд Женевайы 7-8 декабры. Фембӕлдыл дзырд цыд регионалон ӕдасдзинады проблематикӕйыл, Гуырдзыстон цӕмӕй тыхӕй ма пайда кӕна, афтӕ ма ирон арӕнгӕрон хъӕу Уисты районы гуырдзиаг постыл.
"Женеваг дискусситы радон раунд аргъӕвтой. Кӕд ацӕудзӕн, уый нырма бӕрӕг нӕу. Онлайн-конференцийы форматы уыдзӕн ӕви нӕ, уый дӕр бӕрӕг нӕу", - загъта Коцты Константин.
Афтӕ ма уый банысан кодта, Инциденттӕ ма руадзын ӕмӕ сӕ аиуварс кӕныны фӕдыл механизмты формат (ИӔАМ) аздӕхыныл нырма дзырд нӕ цӕуы.
"Ӕмсӕрдартӕ бӕрӕг кӕнынц раунд аргъӕвыны аххосаг куыд "ныры уавӕртӕ". Аиуварс кодтой ӕмсӕрдарты балцытӕ Цхинвал, Сухум, Мӕскуы ӕмӕ Тбилисмӕ", - бахахх кодта Коцты Константин.
Фæскавказы фæдыл женеваг дискусситæ уагъд цæуынц 2008 азæй фæстæмæ. Абоны бон уый у иунæг диалогон формат Абхаз, Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны минæвæрттæн. Уымæй дарддæр ма сæ хайад исынц Уæрæсе, АИШ, афтæ ма ИНО, ОБСЕ æмæ Евроцæдисы минæвæрттæ.