Хуссар Иры президенты бынатмӕ ноджы ӕртӕ претенденты хъӕстытӕ аиуварс кодтой

© Sputnik / Наталья АйриянХуссар Ирыстоны Уӕлдӕр тӕрхондон
Хуссар Ирыстоны Уӕлдӕр тӕрхондон - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 22.03.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 22 мар - Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны Уӕлдӕр тӕрхондон знон хорзыл нӕ банымадта ноджы ӕртӕ ӕмбӕстаджы домӕн куырдиаты ЦӔК скъуыддзагыл, кӕцы сӕ нӕ срегистраци кодта президентмӕ кандидаттӕй.
Централон ӕвзарӕн къамис (ЦӔК) рахаста ӕмбӕлон скъуыддзаг 15 марты. Къамис нӕ срегистраци кодта 12 ӕмбӕстаджы, кӕцыты фӕндыд тох кӕнын президенты бынатыл.
"Къуырисӕры Уӕлдӕр тӕрхондон ӕркаст Къацты Гено, Тадтаты Таймураз ӕмӕ Гассеты Ибрагимы домӕн куырдиӕттӕм. Тӕрхондон сразы ЦӔК скъуыддзагыл кандидатты ма срегистраци кӕныны фӕдыл", - фехъусын кодтой тӕрхондоны пресс-службӕйы.
Амӕйразмӕ ахӕм скъуыддзаг рахастой Къутӕрты Аслан ӕмӕ Санахъоты Давиды куырдиӕтты фӕдыл. Ӕдӕппӕт ЦӔК скъуыддзагыл хъаст кодтой ӕхсӕз адӕймаджы. Зӕгъойты Рустамы куырдиаты фӕдыл скъуыддзаг нырма нӕй.
РХИ Уӕлдӕр тӕрхондон  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 21.03.2022
РХИ Уӕлдӕр тӕрхондон аиуварс кодта президенты бынатмӕ дыууӕ кандидаты хъӕстытӕ
Ног хабӕртты лентӕ
0