Къуайсайы ӕрзӕт: кӕд скусдзӕн шахтӕ ӕмӕ цы фадӕттӕ байгом кӕндзӕн Къуыдаргомы цӕрджытӕн

© Sputnik / Natalia Airiyan Къуайса
Къуайса - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 22.03.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 22 мар - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Къуайсайы ӕрзӕткъахӕны скуыст ратдзӕн ног куысты бынӕттӕ ӕмӕ горӕты райрӕзт, нымайы горӕты мэр Бӕззаты Геннадий.
Къуайсайы ӕрзӕткъахӕны советон рӕстӕджы куыста 500 адӕймаджы, рауагъдад та иу суткӕмӕ дӕтта 231 тонны бӕрц зды ӕмӕ цинк.

Уазджыты ныфс

Ӕрӕджы Хуссар Ирыстоны сног ис Къуайсайы ӕрзӕткъахӕнтӕ сӕндидзын кӕныны фарст. Республикӕйы ивгъуыд къуыри уыд уӕрӕсейаг делагаци кусӕгон балцы, ам уыдон сфидар кодтой ӕрзӕткъахӕнты скусын кӕныны фӕдыл разыдзинад. Sputnik бацымыдис кодта, егъау рауагъдадӕн цы сомбон ис ӕмӕ цы фадӕттӕ дӕтты, уый.
Къуыдаргом ног хабӕрттӕ базыдтой дзыллон информацийы фӕрӕзты руаджы. Сӕ сӕххӕст кӕныны фадӕттӕ сӕм кӕсынц дызӕрдыггаг, фӕлӕ, уымӕ ӕнӕкӕсгӕйӕ, цины ӕнкъарӕнтимӕ сӕмбӕлдысты цауыл.
Цхинвалы бафыстой документ, кӕцыйы нысан у Хуссар Иры хӕххон ӕрткъахӕн къабазы райрӕзт - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 16.03.2022
Цхинвалы бафыстой документ, кӕцыйы нысан у Хуссар Иры хӕххон ӕрзӕткъахӕн къабазы райрӕзт
"Бирӕ хӕттыты дзырд цыд ӕрзӕткъахӕнты сӕндидзӕныл, бынатмӕ-иу делегацитӕ дӕр цыд, фӕлӕ ныхасӕй дарддӕр нырма хъуыддаг нӕ ацыд. Ӕнӕуый та уый уаид стыр хъуыддаг горӕты райрӕзт ӕмӕ куысты бынатты фӕзындӕн", - дзуры Бӕззаты Геннадий.

Хъӕзныг къуым

Уыимӕ иумӕ ма горӕты хицау бӕлвырд кӕны, Къуыдаргом хъӕзныг кӕй у ӕрдзон ресурстӕй.
"Ам йӕ рӕстӕджытӕм дӕр ӕмӕ ныр дӕр уыд ӕппӕт хуызджын металтӕ, фӕлӕ сӕйраг уыдысты цинк ӕмӕ зды. Уыдоны фӕстауӕрц ныр дӕр егъау у", - дарддӕр кӕны йӕ ныхас Бӕззаты Геннадий.
Шахтӕ скусын кӕныны хабарыл райгондӕй сӕмбӕлд йӕ раздӕры кусӕг Зассеты Борис (Стасик) дӕр. Уый рауагъдады фӕкуыста 1975 азӕй фӕстӕмӕ, цалынмӕ куыстаут нӕ ныллӕуыд, уӕдмӕ.
"Фыццаг кусын райдыдтон геологы ӕххуысгӕнӕгӕй, уый фӕстӕ ахуыр райстон фӕсаууонмӕ ӕмӕ рахызтӕн мастермӕ. Стӕй аст азы бӕрц уыдтӕн Уӕлхохы фадыджы хистӕр ӕмӕ уый фӕстӕ та рудиникы хистӕр", - мысы Зассеты Борис.
Бестауты Бала - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 09.06.2021
Бестауты Бала радзырдта, базальты завод цы уавӕрты не ‘рхӕсдзӕн зиан Хуссар Иры экологийӕн

Хъомысджын рауагъдад

Ӕрзӕты рауагъдады тӕккӕ тӕмӕны уым куыста 500 адӕймаджы бӕрц. Ам куыстбынӕттӕ ссардтой канд бынӕттонтӕ нӕ, фӕлӕ ма цыдысты Цхинвал ӕмӕ Дзауы районы ӕндӕр хъӕутӕй дӕр. Егъау амалиугад йӕ алыварс амадта горӕт. Къуайсайы ӕрзӕткъахӕнтӕ дӕттой ӕрмӕст иу суткӕйы 231 тонны ӕрмӕг.
"Иу массон ӕхсты фӕстӕ-иу нын куыст уыд ӕртӕ мӕйы онг. Ӕртӕ сменӕ куыста суткӕйы, фӕйнӕ 8 сахаты. Иу сменӕ дӕтта авд вагоны дзаг ӕрмӕг, иу вагоны та уыд 11 тонны. Ахӕм гуырахст уыд Къуайсайы рауагъдадӕн", - банысан кодта йӕ раздӕры кусӕг Борис.
Дарддӕр ӕрмӕг ӕрвыст цыд Дзӕуджыхъӕуы уӕвӕг завод "Электроцинк"-мӕ.

Экологты катай

Ӕрзӕткъахӕны скуыстыл ис канд цингӕнджытӕ нӕ, фӕлӕ ма кайтагӕнджытӕ дӕр. Экологикон организаци "Зеленая Алания"-йы хистӕр Габайты Зӕлинӕ хабармӕ йӕ ахаст равдыста Facebook-ы йӕ фарсыл.
"Цӕгат Ирыстоны уый тыххӕй фӕцархайдтой зианхӕссӕг рауагъдад сӕхгӕныныл, цӕмӕй йӕ хуссары бакӕной?", - ныффыста уый.

Зианхӕссӕг ӕвзарӕнтӕ

Шахтӕйы раздӕры кусӕг Зассеты Борис дӕр разы у заводы ӕппӕрццӕг ӕууӕлтимӕ, фӕлӕ сӕ уадиссаг тӕссагыл нӕ нымайы.
"Ӕрзӕткъахӕнтӕ ӕнӕзианхӕссӕг не 'сты. Фӕлӕ дзы 24 азы фӕкуыстон ӕмӕ никуы фӕрынчын дӕн, ме 'мкусджытӕ дӕр афтӕ. Мӕныл ныр 68 азы цӕуы, ӕз нал скомдзӕн, фӕлӕ ӕрыгӕттӕ фӕстӕ нӕ фӕлӕудзысты ӕмӕ хорз уаид, ам та куыст ӕмӕ цард куы сӕндидзид", - дзуры Борис.
Ӕрзӕткъахӕн зианхӕссӕг ӕрмӕст йӕ куысты дуджы нӕ уыд, фӕлӕ ма абон дӕр горӕты ис йӕ ӕппӕрццаг фӕд. Заводӕй цы ӕвзарӕнтӕ цыд, уыдон Къуаисайӕн ныртӕккӕ дӕр сты проблемӕ.
"Цӕугӕдон Джоджорайы донвӕдмӕ хӕстӕг заводы ӕвзарӕнтӕ кӕдӕм цыдысты, уыцы дыууӕ фӕзуат абон сты бамбӕрзинаг Уынӕлы куыд сарӕзтой афтӕ, науӕд сын сӕ бырон дымгӕ хӕссы. Къуайсамӕ сты хӕрзӕввахс ӕмӕ уый хорз нӕу", - бахахх кодта мэр.
Дурлыстӕггӕнӕн амалиуӕгад - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 10.09.2021
Экологты фӕдис: куыд кусынц тобӕмӕ ӕнӕкӕсгӕйӕ дурлыстӕггӕнӕнтӕ Леуахийы былтыл
Къуайсайы ӕрзӕткъахӕнтӕ хъӕздыг кӕй сты ӕрдзон ресурстӕй, уый сусӕггаг никӕмӕн у, фӕлӕ ма ацы фарст хорз чи сахуыр кодта, уыдон бӕлвырд кӕнынц, йӕ сӕндидзын кӕнынӕн кӕй хъӕуы ног зынаргъ ифтонгад. Разындзӕн ахӕм адӕм, чи йӕ скусын кӕна, ӕви нӕ - уый та равдисдзӕн рӕстӕг.
Ног хабӕртты лентӕ
0