Куыд бандавдзысты санкцитӕ Хуссар Иры Инвестпрограммӕйыл? Арӕзтады министры комментари

© Sputnik / Фатима ПлиеваБирӕфатерон хӕдзары арӕзтад Цхинвалы
Бирӕфатерон хӕдзары арӕзтад Цхинвалы - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 22.03.2022
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны ныр цалдӕр азы дӕргъы реализаци цӕуы республикӕйы социалон-экономикон райрӕзтӕн ахъӕзгӕнӕг Инвестицион нывӕзт. Объектты арӕзтадӕн ӕхцайы фӕрӕзтӕ дих цӕуынц уӕрӕсейаг бюджетӕй
ЦХИНВАЛ, 22 мар – Sputnik.Уӕрӕсейы ныхмӕ санкцитӕ бандавдзысты Хуссар Ирыстоны объектты арӕзтадыл, фӕлӕ куыстытӕ ӕруромын нӕй гӕнӕн, загъта йӕ интервьюйы Sputnik РХИ Арӕзтады министр Зӕгъойты Эдуард.
Раздӕй арӕзтадон ӕрмӕджытӕй ифтонггӕнджытӕ Уӕрӕсейы бафӕдзӕхстой, ӕргътӕ иумӕйагӕй сисгӕйӕ кӕй фӕфылдӕр уыдзысты 20-30 проценты бӕрц. Ӕргътӕ ма ӕвиппайды фӕфылдӕр сты 2021 азы дӕр.
"Уӕрӕсейы ныхмӕ санкцитӕ ӕндавынц йӕ экономикӕйыл, кӕм фылдӕр, кӕмдӕр та къаддӕр бӕрцӕй. Уыдон ӕндавынц арӕзтады къабазыл дӕр. Уый бандавдзӕн мах чысыл арӕзтадон комплексыл дӕр, кӕцы комкоммӕ дӕр баст у Уӕрӕсеимӕ, мах иууылдӕр ӕрмӕджытӕ ласӕм уырдыгӕй", - загъта Зӕгъойты Эдуард.
Министр банысан кодта, арӕзтадон базарыл кӕй фӕзындысты ацы цаутӕ, схызтысты сӕйраг арӕзтадон ӕрмӕджыты ӕргътӕ, зӕгъӕм, згъӕры аргъ.
© SputnikЗӕгъойты Эдуард
Эдуард Дзагоев - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 22.03.2022
Зӕгъойты Эдуард
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, куыст цӕуы згъӕры сӕйраг уадзджытимӕ, егъау диллертимӕ, уагдӕттимӕ, кӕцытӕ реализаци кӕнынц металл уӕрӕсейаг регионты. Уыцы куысты фӕстиуӕгӕн бантыст ӕргътӕ фӕкъаддӕр кӕнын - иу тоннӕ арматурӕ сӕдӕ мин сомӕй ӕрхауд 60 мин сомы онг.
"Мӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, дыууӕ-ӕртӕ къуыримӕ арӕзтадон ӕрмӕджыты базары фӕзындзӕн цавӕрдӕр стабилондзинад. Уӕд уыдзӕн рагхыгъдтӕ кӕнӕн дӕр", - банысан кодта Зӕгъойты Эдуард.
Инвестицион нывӕзты реализацийыл дзургӕйӕ, министр бахахх кодта, ацы нысанӕн хицӕн финансон резервтӕ кӕй нӕй.
"Фӕлӕ куыд фӕндыйӕ дӕр архайдзыстӕм, цӕмӕй арӕзтад ма ӕрлӕууа ӕмӕ объекттыл куыстытӕ кӕронмӕ фӕуой. Ныфс мӕ ис, кӕй рахиздзыстӕм вазыгджын уавӕрӕй", - банысан кодта уый.
Къуайса - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 22.02.2022
Хуссар Иры Къуыдаргомы самайдзысты бирӕфатерон хӕдзар
Арӕзтады министр радзырдта, Инвестицион программӕйы фӕлгӕтты 2022 азы Цхинвалы реконструкци кӕй хъуамӕ ӕрцӕуой дӕс уынджы. Куыстытӕм, йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ӕрӕвналдзысты, куыддӕр боныгъӕдтӕ фадат радтой, афтӕ.
Ног хабӕртты лентӕ
0