ПТРК "Ир"-ы радзырдтой, кӕд райдайдзысты ӕмӕ куыд цӕудзысты ӕвзӕрстагъоммӕ дебаттӕ

© Алим БетеевРХИ Телеуынынад
РХИ Телеуынынад  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 22.03.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 22 мар – Sputnik, Козаты Диана. Паддзахадон телерадиокомпани "Ир"-ы эфиры къуырисӕры, 28 марты, рацӕудзӕн Хуссар Ирыстоны президенты бынатмӕ кандидатты ӕвзӕрстагъоммӕ дебатты фыццаг рауагъд, фехъусын кодта ПТРК "Ир"-ы сӕйраг редактор Уалыты Мӕдинӕ.
Ӕвзӕрстыты агъоммӕ дебаттӕ у ӕвзарӕн кампанийы сӕйрагдӕр этаптӕй иу. Намад цӕуы, зӕгъгӕ, раст уӕд аскъуыддзаг кӕны ӕвзарӕг йӕхицӕн, кӕцы кандидатӕн схъӕлӕс кӕндзӕн, уый.
"Мах уынаффӕ кодтам дебаттыл ӕмӕ аскъуыддзаг кодтам, кӕй райдайдзысты 28 марты. Уыдон эфиры цӕудзысты ӕврылизӕр дӕр 21:00 сахатыл къуырисӕрӕй майрӕмбонмӕ дыууӕ къуырийы дӕргъы", - загъта Уалыты Мӕдинӕ.
Нывӕзтгонд сты ӕдӕппӕт фараст эфиры алыгъуызон темӕтыл. Президенттӕ кандидаттӕн уыдзӕн фадат базонгӕ кӕнын ӕвзарджыты сӕ программӕтимӕ, зӕгъын сӕ хъуыдытӕ медицинӕ, культурӕ. экономикӕ, ахуырад, ӕддагон политикӕ ӕмӕ ӕндӕр къабӕзты райрӕзты фӕдыл.
"Дебатты цӕудзысты сахатӕй фылдӕр комкоммӕ эфиры", - банысан кодта сӕйраг редактор.
Хуссар Ирыстоны Уӕлдӕр тӕрхондон - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 22.03.2022
Хуссар Иры президенты бынатмӕ ноджы ӕртӕ претенденты хъӕстытӕ аиуварс кодтой
Дебатты ма хайад исдзысты ӕрмӕстдӕр президенттӕм кандидаттӕ, ӕнӕ сӕ штабты минӕвӕрттӕй. Уыимӕ ма кандидатӕн ис бар ӕмӕ ма цӕуа дебаттӕм.
ПТРК эфирӕй дарддӕр ма дебаттӕм бакӕсӕн уыдзӕн телеуынынады Youtube каналыл дӕр.
Ног хабӕртты лентӕ
0