Хуссар Ирӕй арвыстой ӕххуыс ирон хӕстон лӕппутӕн Донецкмӕ

© Министерство обороны РФ /  Ахизын медиабанкмæГуманитарон ӕххуыс
Гуманитарон ӕххуыс  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 25.03.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 25 мар фев - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстонӕй фӕсивӕды иу къорд аласта ӕххуыс Уӕрӕсейаг ӕфсӕддон операцийы архайӕг ирон хӕстонтӕн. Уӕзы сконды ис хӕлцад, дарӕс ӕмӕ ӕфсӕддон ӕрмӕг, фехъусын кодта Sputnik инициатортӕй иу Виталий.
"Ныхас кодтам, бынаты чи ис, уыцы лӕппутимӕ. Уыдон нын бамбарын кодтой фыццаг рады цӕмӕй тыхсынц, ӕмӕ самал кодтам уыдӕттӕ. Сӕ нымӕцы бронежилеттӕ, хъарм дарӕс, ӕфсӕддон формӕ, хӕлцад ӕмӕ ӕндӕр ӕрмӕг", - загъта агентады ныхасӕмбал.
Уый ма бафтыдта, гумманитарон ӕххуыс кӕй ӕрӕмбырд цалдӕр бонмӕ.
"Ахадгӕ фӕрӕзтӕй баххуыс кодтой Дзулфыцӕн комбинаты хистӕр Цхуырбаты Вадим, нардуатон организацийы разамонӕг Уалыты Владислав, хӕрзарӕзтады комбинаты кусджытӕ, дуканиты хицӕуттӕ ӕмӕ адӕм, кӕцытӕ уазал ахаст нӕ дарынц ӕфсӕддонты хъысмӕтмӕ', - бафтыдта уый.
Хуссар Ирыстоны президент арвыста Донбассмӕ гуманитарон ӕххуыс - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 25.03.2022
Хуссар Ирыстоны президент арвыста Донбассмӕ гуманитарон ӕххуыс
Ӕххуыс, Виталийы ныхӕстӕм гӕсгӕ, ныридӕгӕн ныххӕццӕ ис Дзӕуыджыхъӕумӕ, уым ма сӕм ноджы бафтаудзысты ӕмӕ сӕ фӕхӕццӕ кӕндзысты Донецкмӕ.
24 февралы Уӕрӕсе Украинӕйы сӕрмагондӕй хӕстон операци куы райдыдта, уӕдӕй нырмӕ Хуссар Ирыстоны сӕ хъус дарынц цаутӕм. Фӕстӕдӕр хӕстон операцимӕ бамбал сты Уӕрӕсейы цыппӕрӕм ӕфсӕддон базӕйы хӕстонтӕ, сӕ нымӕцы ирон лӕппутӕ дӕр. Уӕдӕй нырмӕ Хуссар Ирыстоны сцайдагъ ис гуманитарон ӕххуыс ӕмбырд кӕныны куыст.
Ног хабӕртты лентӕ
0