Сӕйраг у райдайын. Куыд ӕххуыс кӕнынц Хуссар Иры чысыл ӕмӕ астӕуккаг бизнесӕн

© Sputnik / Егор Еремов /  Ахизын медиабанкмæӕхцатӕ
ӕхцатӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 06.04.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 6 апр – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны фондз азы дӕргъы кусы чысыл ӕмӕ астӕуккаг бизнесы уӕлбар кредиткӕнынады программӕ. Куыд кусы программӕ ӕмӕ куыд ӕххуыс кӕны паддзахад амалиуӕггӕнджытӕн, уый тыххӕй Sputnik пресс-конференцийыл радзырдта экономикӕйы министры хӕдивӕг Козаты Роин.
Уый зӕрдыл ӕрбалӕууын кодта, зӕгъгӕ, закон, кӕцы ӕрнывыл кодта уӕлбар кредиткӕнынады фарстытӕ, райстӕуыд 2017 азы, цӕмӕй амауалиуӕггӕнджытӕн уа фӕрӕзтӕ сӕхи хъуыддаг бакӕнынӕн.
© Sputnik / Natalia AiriyanSputnik пресс-конференци
Роин Козаев - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 06.04.2022
Sputnik пресс-конференци
Козаты Роин банысан кодта, абоны бон республикӕйы бюджеты хисӕрмагонд ӕфтиӕгтӕ (ӕнӕ уӕрӕсейаг ӕххуысӕй) сты иу миллиард ӕмӕ фондз сӕдӕ милуан соммӕ ӕввахс. Афтӕмӕй ма министры хӕдивӕг банысан кодта, уый размӕ ацы фӕрӕзтӕ кӕй никуы уыдысты 780 милуан сомӕй фылдӕр.
Уыцы суммӕйӕ амалиуӕгадӕн ӕххуысӕн ӕрвылаз хицӕн цӕуы 2 проценты.
"Кӕд ӕмӕ иу миллиард ӕмӕ фондз милуан сомы уой, уӕд баххуыс кӕндзыстӕм 30 милуан сомы бӕрц, кӕд иу миллиард уой, уӕд та 20 милуан сомы бӕрц", - банысан кодта Козаты Роин.
Афтӕ ма уый радзырдта, арӕзт кӕй ӕрцыд хицауадон структурӕ – чысыл ӕмӕ астӕуккаг амалиуӕгадӕн ӕххуысы фонд, кӕцыйы уылты цӕуынц фӕрӕзтӕ.
© Sputnik / Natalia AiriyanSputnik пресс-конференци
Роин Козаев - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 06.04.2022
Sputnik пресс-конференци
"Мах ацы фӕрӕзтӕ бахӕссӕм банчы депозитмӕ азы фараст процентмӕ. Сбербанк дӕтты азы 12 проценты. Уыдонӕй авд проценты мах раттӕм амалиуӕггӕнджытӕн, фондз та бафидынц сӕхӕдӕг. Бизнесментӕ бафидынц уыцы кредиттӕ, ӕмӕ суммӕ фӕдывӕр вӕййы, уый фӕдыл абоны бон махӕн фадат ис баххуыс кӕнын 50-йӕ фылдӕр милуан сомы бӕрц", - банысан кодта министры хӕдивӕг.
Козаты Роин ма бахахх кодта, приоритеты кӕй ис хъӕууонхӕдзарадон къабаз, фӕрӕзты 70 проценты рахицӕн кӕнынц аграрон фадыджы проектты реализацийӕн. Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ӕнтыстджын бизнесы арӕзтады цӕвиттонтӕ дзы бирӕ ис.
Ӕдӕппӕт 2018 азӕй фӕстӕмӕ паддзахад баххуыс кодта 224 амалиуӕггӕнӕгӕн ӕмӕ коммерцион организацийӕн 127 милуан сомы бӕрц. Ацы аз нывӕндынц рахицӕн кӕнын проекттӕн 55 милуан сомы.
Ног хабӕртты лентӕ
0