Цхинвал сфӕлынддзысты цъуй, наз бӕлӕстӕ ӕмӕ иуазон дидинтӕй

© Sputnik / Александр Кряжев /  Ахизын медиабанкмæЦъуй
Цъуй - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 06.04.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 6 апр - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны столицӕйы зӕлдфӕлындӕн управлени Цхинвалы ныссагъта цъуйтӕ ӕмӕ нӕзытӕ, ноджы ма горӕты уынгтӕ срӕсугъд кӕндзысты иуазон дидинтӕ ӕмӕ къутӕртӕй. Уый тыххӕй фехъусын кодтой Sputnik горӕты администрацийы пресс-службӕйы.
"Столицӕйы скверты ныссадздзысты иуазон дининтӕ. Джиоты Аланы проспектыл адарддӕр кӕндзыстӕм бирючинайы къутӕртӕ садзын. 4 700 бынмӕ ма бафтаудзысты ноджы аст мины", - загъта уагдоны пресс-секретарь Кокойты Анна.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, горӕты ногарӕзт Саулохты уынгыл та ныридӕгӕн ныссагътой цъуйтӕ, уымӕй размӕ Путины уынгыл та сфӕлыстой нӕзы талатӕй.
Ног хабӕртты лентӕ
0