Йӕ цардӕй ахицӕн Владимир Жириновский

© Sputnik / Максим Блинов /  Ахизын медиабанкмæВладимир Жириновский
Владимир Жириновский - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 06.04.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 6 апр - Sputnik. Уӕрӕсейы Либералон-демократон партийы лидер Владимир Жириновский ахицӕн йӕ цардӕй 75 азы кары, фехъусын кодта ӕртыццӕджы Паддзахадон думӕйы спикер Вячеслав Володин.
Владимир Жириновский уыд рынчындоны коронавирусы диагнозимӕ 2 февралӕй фӕстӕмӕ.

Владимир Жириновскийы биографи

Уӕрӕсейаг ӕхсӕнадон ӕмӕ политикон архайӕг, Уӕрӕсейы Либералон-демократон партийы лидер Владимир Жириновский райгуырд 1946 азы 25 апрелы горӕт Алма-Атайы (Казахстан).
Каст фӕцис Мӕскуыйаг паддзахадон университеты цур Скӕсӕйнаг ӕвзӕгты институты "Турк ӕмӕ туркаг ӕвзаг"-ы дӕсниад 1970 азы, Мӕскуыйаг паддзахадон университеты юридикон факультеты изӕры дӕлхайад 1977 азы.
Институты фӕстӕ 1970-1972 азты службӕ кодта Гарзджын тыхты Фӕскавказы ӕфсӕддон зылды ӕфсады.
Владимир Жириновский 1990 азы 31 мартӕй фӕстӕмӕ у Уӕрӕсейы Либералон-демократон партийы сӕргълӕууӕг.
Жириновский йӕ партийӕ уыд Уӕрӕсейы Советон Социалистон Федеративон Республикӕйы президентмӕ кандидат ӕмӕ Уӕрӕсейы Федерацийы президенты бынатмӕ кандидат 1996, 2000, 2008, 2012 ӕмӕ 2018 азты ӕвзӕрстыты. Хайад исты 1993 азы Конституцион рабадты куысты УФ Конституцийы проект бацӕттӕ кӕныны фӕдыл.
Паддзахадон думӕйы депутатӕй ӕвзӕрст цыд фыццӕгӕмӕй ӕстӕм ӕрсидтмӕ.
Ног хабӕртты лентӕ
0