Публикон дипломатийы ӕвзӕрстагъоммӕ дебаттӕн ис стыр нысаниуӕг - эксперт

© Sputnik / Natalia AiriyanДебаттӕ
Дебаттӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 07.04.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 7 апр - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны президенты бынатмӕ кандидатты хынцын хъӕуы дебаттӕм фӕсарӕнты дӕр кӕй кӕсынц ӕмӕ уый у Хуссар Ирыстоны цӕсгом, банысан кодта эксперт Дзабиты Вячеслав.
Хуссар Ирыстоны президентон ӕвзӕрстыты агъоммӕ дебаттӕ паддзахадон телеуынынады эфиры цӕуынц фарастӕм бон. Президенты бынатмӕ фондз кандидаты адӕмы зонгӕ кӕнынц сӕ нывӕзтытимӕ. Нырмӕ сын бантыст ӕрдзурын фӕсивӕдон политикӕ, экономикӕ, хъӕууон хӕдзарад, ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынад, ӕдасдзинады ӕмӕ ӕндӕр ахсджиаг фарстытыл. Ныхасы рӕстӕджы паддзахады разамонӕджы бынатмӕ претендентты хсӕн сывзӕры хъаугъатӕ.
"Дебаттӕ цӕуынц тӕвдӕй, иуӕй-иу хатт ӕгӕрдӕр фӕвӕййынц. Мӕн фӕнды бахахх кӕнын, дебаттӕм канд мах нӕ кӕсӕм, фӕлӕ сӕм кӕсынц фӕсарӕнты дӕр. Алы ныхасмӕ дӕр сӕ хъус дарынц. Гыццыл ӕнӕгъдау ныхас куы зӕгъӕм, уӕд канд нӕ ныхмӕ нӕ фӕуыдзӕн, фӕлӕ ма ӕгӕрыстӕмӕй Уӕрӕсейы ныхмӕ дӕр", - загъта эксперт.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ӕвзӕрстыты агъоммӕ публикон дипломатийӕн вӕййы егъау нысаниуӕг.
ЦӔК пресс-центр - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 05.04.2022
Президентон ӕвзӕрстыты бон Цхинвалы кусдзӕн ЦӔК пресс-центр
"Публикон дипломати тынг ахсджиаг у алыхаттдӕр, фӕлӕ уӕлдайдзинад фӕкарздӕр вӕййы. 2008 азы УФ банымадта нӕ хӕдбардзинад, уымӕй йӕхи мах тыххӕй дзуаппдӕттӕг скодта. Ӕххуыс кодта мах нӕ къахыл слӕууын кӕнын, фӕлӕ ам бынаты скандалтӕ ӕмӕ митингтӕ куы сарӕх сты , уый фӕстӕ мах хонын райдыдтой "черная дыра". Уымӕй мах худинаг кодтам Уӕрӕсейы", - бафтыдта Дзабиты Вячеслав.
Уый ма нымайы, публикон дипломатийы руаджы хъуамӕ фидар цӕуа Хуссар Ирыстоны фӕлгонц фӕсарӕнты.
"Америкайы иугонд штаттӕ ӕрвыл аз публикон дипломатийыл хардз кӕнынц миллиард доллары. Ӕнгӕс у пропагандӕмӕ, фӕлӕ уый уыд Советон цӕдисы фӕзынд, ӕмӕ стӕй фылдӕр здӕхт у мидӕггагон адӕммӕ", - бахахх кодта уый.
Дзабиты Вячеслав хъусдард аздӕхта, ирон ӕхсӕнады кӕдфӕндыдӕр уыд ӕгъдауджын ахаст.
"Аргумменттӕ хӕс, цы фӕрӕдыд, уый тыххӕй дзур, фӕлӕ ӕнӕгъдау ныхасмӕ хъуамӕ хъуыддаг ма уадзой", - балхынцъ кодта Дзабиты Вячеслав.
Ног хабӕртты лентӕ
0