Автотранспортон управленийы шофыртӕн бафиддзысты сӕ мызды фӕстиат

© Sputnik / Ада БагианЦхинвалы автовокзал
Цхинвалы автовокзал - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 08.04.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 8 апр - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны автотранспортон управленийы кусджытӕ хъаст кӕнынц, ӕртӕ мӕйы дӕргъы куыстмызд кӕй нӕ исынц, уымӕй. Коллективимӕ цыппӕрӕмы фембӕлд президент Бибылты Анатолий.
"Ӕхсӕнадон транспорты шофыртӕ сӕ куыст ӕххӕст кӕнынц, мызд та нӕ райстой ӕртӕ мӕйы. Уагдоны разамынд хӕсджын у, цæмæй кусджытæн сӕ мызд афоныл дӕтта", - хъуысын кӕны президенты Телеграм канал Бибылты Анатолийы ныхæстæ.
Кусджытӕ дзурынц, январӕй фӕстӕмӕ мызд кӕй нӕ райстой. Сӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, азы райдайӕнӕй уыдон ӕнхъӕлмӕ кӕсынц сӕ куыстмызды фӕфылдӕрмӕ, афтӕмӕй та сын зӕронд дӕр не 'нтысы радтын.
фӕндагон гӕрӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 09.11.2021
Цӕрджытӕ сӕ домынц, шофыртӕ сӕ ныхмӕ: Цхинвалы сӕвӕрдтой фӕндагон гӕрӕнтӕ
Автотранспортон управленийы хистӕр Дудайты Альберты ныхӕстӕм гӕсгӕ, кусыджытӕ уал райсдзысты раздӕры бӕрц мызд, фӕлӕ сын уый фӕстӕ уыдзӕн январӕй индексаци.
Шофырты фиддонтӕ фидар цӕуынц фӕндаггӕгты процент ӕмӕ мыздӕй, кӕцыйы нымӕц ивгъуыд аз уыд 5 мин сомы бӕрц.
Ног хабӕртты лентӕ
0