Президент фехъусын кодта, кӕд ацӕудзӕн референдумы фӕдыл инициативон къорды фыццаг рабадт

© Sputnik / Наталья АйриянТеатр
Театр - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 08.04.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 8 апр - Sputnik, Козаты Диана. Цхинвалы майрӕмбоны ацӕудзӕн Хуссар Ирыстоны Уӕрӕсейы скондмӕ бацӕуыны фӕдыл инициативон къорды фыццаг рабадт. Уый тыххӕй президент Бибылты Анатолий фехъусын кодта теледебатты рӕстӕджы.
30 марты президент фехъусын кодта, кӕй фӕнд кӕны саразын юридикон къахдзӕфтӕ УФ скондмӕ бацӕуыны тыххӕй. Уый уӕд бафиппайдта, референдум ауадзыны фарст ӕргъӕвын кӕй нӕ хъӕуы. 1 апрелы арӕзт ӕрцыд инициативон къорд, кӕцы бадӕтта ЦӔК-мӕ ӕнхъарӕн регистрацийы тыххӕй ӕмӕ йӕ цыбыр ӕмгъуыдмӕ райста.
Тадтаты Алан: референдум ауадзыны инициативон къорды ис 20 адӕймагӕй фылдӕр - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 05.04.2022
Тадтаты Алан: референдум ауадзыны фӕдыл инициативон къорды ис 20 адӕймагӕй фылдӕр
Президент банысан кодта, рабадт кӕй ацӕудзӕн Паддзахадон драмон театры бӕстыхайы ӕмӕ трансляци цӕудзӕн комкоммӕ эфиры.
Уымӕй размӕ хъусын кодтой, инициативон къорд сконды кӕй ис 26 адӕймаджы, сӕ нымӕцы архайгӕ президент ӕмӕ ӕртӕ экс-президенты.
Ног хабӕртты лентӕ
0