ЦӔК фехъусын кодтой, цал бюллетены арвитдзысты Хуссар Ирыстонӕн ӕддейӕ фадгуытӕм

© Sputnik / Михаил ХасиевЦӔК Цхинвал
ЦӔК Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 08.04.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 8 апр – Sputnik, Козаты Диана. Фондз минӕй фылдӕр бюллетены арвитдзысты ӕвзарӕн фадгуытӕм, кӕцытӕ байгом уыдзысты Хуссар Ирыстонӕн ӕддейӕ ӕвзӕрстыты боны, фехъусын кодта Sputnik ЦӔК нымӕрдар Авлохты Кристина.
Хъӕлӕсӕппӕрсты бонмӕ ӕдӕппӕт ныммыхуыр кодтой 40 мин бюллетены. Республикӕйы регистрацигонд ӕрцыд 32 минӕй фылдӕр ӕвзарӕджы. Хуссар Ирыстонӕн ӕддейӕ фадгуыты та ӕвзарджытӕ хъӕлӕс кӕндзысты фактмӕ гӕсгӕ.
"Дзӕуджыхъӕуы цы дыууӕ фадыджы байгом уой, уырдӕм арвитдзысты 4400 бюллетены, 800 - Мӕскуымӕ, ноджы ма сӕдӕ та Сухуммӕ", - загъта къамисы нымӕрдар.
Хуссар Ирыстоны президентон ӕвзӕрстытӕ ацӕудзысты 10 апрелы. Дысон изӕр кӕронмӕ бахӕццӕ сты президенттӕм кандидатты ӕвзӕрстагъоммӕ дебаттӕ дӕр. Сом райсомӕй республикӕйы уыдзӕн ӕнӕсым бон.
Пресс-конференци - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 07.04.2022
Информацийы комитеты хистӕр радзырдта, цавӕр ДИФ минӕвӕрттӕ кусдзысты ӕвзӕрстыты Цхинвалы
Президентон бынатмӕ тырнынц фондз кандидаты - архайгӕ президент Бибылты Анатолий, парламенты депутаттӕ Плиты Александр ӕмӕ Мулдарты Гарри, парламентон партийы раздзон Гаглойты Алан ӕмӕ раздӕры депутат Тасойты Дмитрий.
Ӕвзарӕн бюллетены ма уыдзӕн графа "алкӕй ныхмӕ дӕр".
Ног хабӕртты лентӕ
0