Хуссар Иры президент фехъусын кодта, ӕвзӕрстыты кӕй уыдзӕн дыккаг тур

© Sputnik / Элина ГабараеваБибылты Анатолий
Бибылты Анатолий - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 11.04.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 11 апр - Sputnik, Козаты Диана. Бюллетеньты 96 процент банымайыны фӕстӕ бӕрӕг у, кӕй уыдзӕн дыккаг тур, фехъусын кодта президент Бибылты Анатолий ЦӔК пресс-центры дысон изӕр.
"Мӕ ныхмӕлӕуджытӕ уыимӕ разы уыдзысты", - загъта президент.
Афтӕ ма Бибылты Анатолий банысан кодта, ӕвзӕрстытӕ кӕй цӕуынц Хуссар Ирыстоны законтӕм гӕсгӕ.
Паддзахады сӕргълӕууӕг бафтыдта, зӕгъгӕ, райгонд у, дыккаг турмӕ Гаглойты Аланимӕ кӕй ахызт.
Хуссар Иры президенты ӕвзӕрстытӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 10.04.2022
Хуссар Иры фӕцис хъӕлӕскӕнынад президенты ӕвзӕрстыты
"Бӕрӕг у, дыккаг турмӕ кӕй ахызтысты дыууӕ идеологи. Ӕмӕ адӕм сараздзысты се ‘взӕрст", - банысан кодта президент.
Бибылты Анатолий загъта бузныг ӕвзарджытӕн сӕ активон хайадисты тыххӕй.
Уый размӕ ЦӔК хъусын кодтой, зӕгъгӕ, развӕлгъау бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, Хуссар Ирыстоны президенты ӕвзӕрстыты схъӕлӕс кодтой ӕвзарджыты 82,07 проценты.
Паддзахады сӕргълӕууӕджы бынатмӕ претенденттӕ уыдысты ныры президент Бибылты Анатолий, парламенты дыууӕ депутаты Мулдарты Гарри ӕмӕ Плиты Александр, парламентон парти "Ныхас"-ы лидер Гаглойты Алан ӕмӕ экс-депутат Тасойты Дмитрий. Развӕлгъау бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, дыккаг турмӕ ахызтысты Бибылты Анатолий ӕмӕ Гаглойты Алан.
Ног хабӕртты лентӕ
0