Хуссар Иры рагондӕр информацийы фӕрӕз нысан кӕны йӕ 90 азы юбилей

© Из архива радио "Ир-FM"В эфире югоосетинского радио "Ир-FM" появилась новая вечерняя программа на осетинском языке "Аннæрдыгæй бакаст"
В эфире югоосетинского радио Ир-FM появилась новая вечерняя программа на осетинском языке Аннæрдыгæй бакаст - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 11.04.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 11 апр — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны паддзахадон радио "Ир" нысан кӕны йӕ 90 азы юбилей.
Ирыстоны хуссары рагондӕр информацийы фӕрӕзӕн йӕ разамонӕг Цхуырбаты Аланы ныхӕстӕм гӕсгӕ, уагдоны нывыл куыстӕн нӕ фаг кӕны дыууӕ компоненты - кадртӕ ӕмӕ контент.

"Куыд ӕмбӕлы афтӕ, ома бӕрзонд ӕмвӕзадыл нӕ кусы. Дыууӕ хъуыддаг ӕй фӕстиад кӕны - кадртӕ ӕмӕ контент. Кусджытӕ кӕдӕм райсӕм, уый нын нӕй, стӕй вӕййынц ӕдзӕттӕ - республикӕйы нӕй цӕттӕгӕнӕн бындур", - загъта Цхуырбаты Алан.

Уый ма бафиппайда, радиойы ӕдзухон проблемӕйӕн йӕ кӕрон нырма дӕр нӕ зыны.
"Радиойы фидиуӕн раздӕрау ӕгас республикӕйыл не 'ххӕссы. Цалдӕр мӕйы размӕ нӕ ныхас айхъуыст Ленингормӕ. Катайаг у Къуыдаргомы нырма дӕр радио кӕй нӕ кусы, мӕгуырау гъӕд йын ис Дзау ӕмӕ Знауыры районы дӕр", - бафтыдта уый.
Уымӕ ӕнӕкӕсгӕйӕ, радио иу бынаты никуы лӕууы. Информацион службӕйы ӕддейӕ ма эфиры цӕуынц алыхуызон алӕвӕрттӕ зайӕгойты тыххӕй, музыкӕйыл, филологийы фарстытыл.
Радио Ир-FM - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 27.04.2020
Ир-Fm социалон хызӕгты: Хуссар Иры паддзахадон радио бакодта ног проект 
Радио "Ир"-ы коллектив къуырисӕры нысан кӕны йӕ равзӕрды бон. 90 азы дӕргъы хӕсы ӕхсӕнадӕн ног хабӕрттӕ ӕмӕ хорз зӕрдӕйы равг. Ис йын хъӕзныг музыкалон къӕбиц, эфир баххӕст кӕнынц алыгъуызон рубрикӕтӕй.
"Ир" фыццаг хатт айзӕлд 1932 азы 11 апрелы ӕмӕ уыцы цау республикӕйы ӕппӕт цӕрджытӕн дӕр уыд бӕрӕгбонау. Радиокомитеты уӕд куыста ӕдӕппӕт цыппар адӕймаджы.
Уӕдӕй фӕстӕмӕ радиойы куысты 'рцыд стыр ивындзинӕдтӕ. "Ир" рахызт куыд йӕ популярондзинады иуыл бӕрзонд къӕпхӕныл, афтӕ йӕ рӕстӕгмӕ аныгуылдтыты сӕрты дӕр. Ивгъуыд ӕнусы 90-ӕм азты уӕззау хӕстон уавӕрты паддзахадон радиойы куыст бынтондӕр ныммыр ис. Уыцы рӕстӕджыты фӕзындысты ног хӕдбар радиотӕ "Айзӕлд" ӕмӕ "Нӕу улӕн", фӕлӕ уыдоны "цард" дӕр бирӕ нӕ ахаста. Паддзахадон радио "Ир" та йӕ куыст сног кодта 2007 азы кӕрон, Паддзахадон телерадиокомпани "Ир"-ы уӕды директоры хӕдивӕг Кошты Къоста ӕмӕ радиоамонӕг Куымӕридтаты Донарӕйы фӕрцы.
Ног хабӕртты лентӕ
0