Ӕхсӕз стыр мадзалы: Цхинвалы Адӕмон сфӕлдыстады центры радзырдтой сӕ нывӕзтыты тыххӕй

© Sputnik / Natalia Airiyan "Ирон хъазт"
Ирон хъазт  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 18.04.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 18 апр — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны 2022 азы ацӕудзӕн ӕхсӕз мадзалы аивады хицӕн здӕхӕнты, фехъусын кодтой Sputnik культурӕйы министрады дӕлбар Адӕмон сфӕлдыстады центры пресс-службӕйы.

"Республикон адӕмон сфӕлдыстады центрӕн ис хъӕздыг нывӕзт ацы азмӕ, фӕлӕ сӕйраг сты ӕхсӕз мадзалы. Уыдон сты фестивальтӕ, конкурстӕ ӕмӕ равдысттӕ - кафынӕй, театралон аивадӕй ӕмӕ зарынӕй, афтӕ ма хиирхӕфсӕн мадзӕлттӕ", - загътой уагдоны.

Центр фӕнд кӕны ӕрхонын цӕрджыты ӕрвылазон фотоконкурс "Хуссар Ирыстон"-ы хайадистмӕ, кӕцыйы хатдзӕгтӕм гӕсгӕ стӕй ацӕуы равдыст.
Ацы аз дӕр столицӕйы цӕудзысты ирон хъӕзтытӕ.
Радон хатт зарӕггӕнджытӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы фестиваль "Голоса Осетии", ӕрыгон кафджытӕн ацӕудзӕн адӕмон хореографийы конкурс "Ирон кафт". Хӕдахуыр театралон коллективтӕн та сӕ бон уыдзӕн се сфӕлдыстад равдисын фестиваль "Весь мир - театр"-ы.
Ног хабӕртты лентӕ
0