Бибылты Анатолий хъахъхъӕнынады министрадӕн снысан кодта ног сӕргълӕууӕджы

© Наталья АйриянПухаты Владимир
Пухаты Владимир  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 18.04.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 18 апр – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны хъахъхъӕнынады министрады сӕргъ слӕууыд Пухаты Владимир. Уый фӕдыл барамынд президент Бибылты Анатолий бафыста къуырисӕры.
Пухаты Владимир ацы бынаты раивта Гассеты Ибрагимы, кӕцыйы президент арвыста отставкӕйы ацы аз февралы.
Абон президент уый бавдыста хъахъхъӕнынадон уагдоны офицерон скондӕн.
Пухаты Владимир - Хуссар Ирыстоны хъахъхъӕнынады министрады раздӕры кусӕг, хӕстон архӕйдтыты хайадисӕг. Йӕ кандидарурӕ раразмӕ кодта 2019 азы парламентон ӕвзӕрстыты иумандатон ӕвзарӕн зылдӕй, фӕлӕ йӕ Централон ӕвзарӕн къамис не срегистраци кодта.
Пухаты Владимир ма цыд президенты ӕвзӕрстытӕм дӕр ацы аз, фӕлӕ та нӕ рацыд ЦӔК регистраци.
Ног хабӕртты лентӕ
0