Цхинвалы районы судзы хус кӕрдӕг, зынгфӕдисонтӕ ацыдысты цауы бынатмӕ

© Пресс-служба МЧС РЮО Зынгсирвӕзт Хуссар Иры
Зынгсирвӕзт Хуссар Иры - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 18.04.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 18 апр – Sputnik, Тъехты Дзерассӕ. Хуссар Ирыстоны Цхинвалы районы ссыгъд хус кӕрдӕг, фехъусын кодтой Sputnik республикӕйы УУМ пресс-службӕйы.
"Хуссар Иры УУМ фӕткдаруаты центрмӕ ӕрбацыд информаци, Цхинвалы районы Хелцуайы хъӕуы хус кӕрдӕг кӕй ссыгъд, уый фӕдыл", - дзырдӕуы уӕлвӕткон уагдоны хъусинаджы.
УУМ бахахх кодтой, цауы бынатмӕ кӕй атындзыдта зынгфӕдистонты иу къорд.
Ног хабӕртты лентӕ
0