https://sputnik-ossetia.com/20220419/khussar-irystony-aravnaldtoy-ualdzygon-bydyron-kuystytam-16367263.html
Хуссар Ирыстоны ӕрӕвнӕлдтой уалдзыгон быдырон куыстытӕм
Хуссар Ирыстоны ӕрӕвнӕлдтой уалдзыгон быдырон куыстытӕм
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 19 апр — Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Хуссар Ирыстоны ацы аз ивгъуыд ӕзтӕм абаргӕйӕ бакусдзысты фылдӕр быдыртӕ, загъта Sputnik хъӕууонхӕдзарадон... 19.04.2022 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2022-04-19T12:09+0300
2022-04-19T12:09+0300
2022-04-19T13:26+0300
ног хабӕрттӕ
хуссар ирыстоны
хъӕууон хӕдзарад
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/138/61/1386147_0:99:3301:1956_1920x0_80_0_0_9a4ceb497f6036d104f94a8f281a077b.jpg
ЦХИНВАЛ, 19 апр — Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Хуссар Ирыстоны ацы аз ивгъуыд ӕзтӕм абаргӕйӕ бакусдзысты фылдӕр быдыртӕ, загъта Sputnik хъӕууонхӕдзарадон министрады зайӕгойтӕ ӕмӕ механизацийы хайады сӕргълӕууӕг Мулдарты Игорь. Уый банысан кодта, Хуссар Ирыстоны ӕдӕппӕт кӕй байтаудзысты ӕртӕ минӕй фылдӕр гектар быдыртӕ. Мулдарты Игорь бафтыдта, ныридӕгӕн хъуым кӕныны куыстытӕ кӕронмӕ кӕй фӕхӕццӕ кӕнынц ӕмӕ ӕрӕвнӕлдтой тауынмӕ дӕр."Байтаудзыстӕм хъӕбӕрхор, мӕнӕу, нартхор ӕмӕ ӕндӕр культурӕтӕ", - загъта уый.Хӕххон бынӕтты та хъӕууонхӕдзарадон куыстытӕ райдайдзысты майы дыккаг ӕмбисы.Хайады сӕргълӕууӕджы ныхӕстӕм гӕсгӕ, 20 арендатор ӕмӕ фермеры 2022 азы райстой хъӕууонхӕдзарадон министрадӕй тауинӕгтӕ. Ивгъуыд аз Уӕрӕсе баххуыс кодта республикӕйӕн алыгъуызон тауинагӕй, кӕцытӕ дих ӕрцыдысты районтыл. Уалдзыгон куыстытӕ цы техникӕйы фӕрцы кӕнынц, уыдон развӕлгъау ӕрцыдысты цалцӕг.
https://sputnik-ossetia.com/20220415/tskhinvaly-rayony-khauty-tsardzhyta-ama-fermerta-raysdzysty-fasaraynag-fatkuyyy-talata-16322243.html
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2022
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/138/61/1386147_279:0:3010:2048_1920x0_80_0_0_23b40f3310ed39b7b9e65194768c253c.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ, хуссар ирыстоны, хъӕууон хӕдзарад
ног хабӕрттӕ, хуссар ирыстоны, хъӕууон хӕдзарад
ЦХИНВАЛ, 19 апр — Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Хуссар Ирыстоны ацы аз ивгъуыд ӕзтӕм абаргӕйӕ бакусдзысты фылдӕр быдыртӕ, загъта Sputnik хъӕууонхӕдзарадон министрады зайӕгойтӕ ӕмӕ механизацийы хайады сӕргълӕууӕг Мулдарты Игорь.
Уый банысан кодта, Хуссар Ирыстоны ӕдӕппӕт кӕй байтаудзысты ӕртӕ минӕй фылдӕр гектар быдыртӕ.
"Бакуыстам-иу ӕрвылаз дӕр 2,5 гектары хуымгӕндтӕ, ивгъуыд аз ацы фӕзуат фӕфылдӕр кодтам ноджы 500 гектары. Уый адыл ацы аз бакусдзыстӕм ӕртӕ минӕй фылдӕр гектары зӕххытӕ", - загъта министрады кусӕг.
Мулдарты Игорь бафтыдта, ныридӕгӕн хъуым кӕныны куыстытӕ кӕронмӕ кӕй фӕхӕццӕ кӕнынц ӕмӕ ӕрӕвнӕлдтой тауынмӕ дӕр.
"Байтаудзыстӕм хъӕбӕрхор, мӕнӕу, нартхор ӕмӕ ӕндӕр культурӕтӕ", - загъта уый.
Хӕххон бынӕтты та хъӕууонхӕдзарадон куыстытӕ райдайдзысты майы дыккаг ӕмбисы.
"Бӕзронд хӕххон бынӕтты нырма ис мит. Уалдзӕджы кӕрӕтты уым та байтаудзысты картоф", - бамбарын кодта Мулдарты Игорь.
Хайады сӕргълӕууӕджы ныхӕстӕм гӕсгӕ, 20 арендатор ӕмӕ фермеры 2022 азы райстой хъӕууонхӕдзарадон министрадӕй тауинӕгтӕ. Ивгъуыд аз Уӕрӕсе баххуыс кодта республикӕйӕн алыгъуызон тауинагӕй, кӕцытӕ дих ӕрцыдысты районтыл.
Уалдзыгон куыстытӕ цы техникӕйы фӕрцы кӕнынц, уыдон развӕлгъау ӕрцыдысты цалцӕг.