ПТРК "ИР" сӕйраг редактор радзырдта, куыд цӕудзысты президентмӕ кандидатты дебаттӕ

© Sputnik / Natalia AiriyanДебаттӕ
Дебаттӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 20.04.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 20 апр – Sputnik. Майрӕмбоны паддзахадон телерадиокомпани "Ир"-ы эфиры райдайдзысты президентмӕ кандидатты ӕвзӕрстагъоммӕ дебаттӕ. Хайад дзы райсдзысты архайгӕ президент Бибылты Анатолий ӕмӕ парти "Ныхас"-ы лидер Гаглойты Алан, кӕцытӕ райстой ӕвзарджыты хъӕлӕсты фылдӕр хай ӕмӕ ахызтысты ӕвзӕрстыты дыккаг турмӕ.
Ӕдӕппӕт хъӕлӕскӕнынады размӕ ацӕудзысты ӕвзӕрстагъоммӕ дебатты ӕртӕ раунды, фехъусын кодта ПТРК "ИР" сӕйраг редактор Уалыты Мӕдинӕ.
Президентмӕ кадидаттӕ ныхас кӕндзысты законад ӕмӕ фӕткыл, Уӕӕсеимӕ ӕмархайдыл. Фӕстаг дебаттӕ ацӕудзысты дыццӕджы, 26 апрелы, сӕрибар темӕйыл.
"Мах сбӕлвырд кодтам дебатты дӕргъ. Кандидаттӕн уыдзӕн иу сахат. Алкӕцы темӕйы фӕдыл дӕр амонӕг дӕтдзӕн фарстытӕ, уый фӕстӕ кандидаттӕ кӕрӕдзимӕ дӕтдзысты фарстытӕ. Дебатты амонӕг та уыдзӕн Дзудцаты Тамерлан", - загъта Уалыты Мӕдинӕ.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ӕртыккаг темӕ у сӕрибар: кандидаттӕ кӕрӕдзимӕ дӕтдзысты фарстытӕ, афтӕ ма сын фадат уыдзӕн радзурын сӕ программӕтыл.
Гаглойты Алан - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 20.04.2022
Гаглойты Алан: Уӕрӕсе у Хуссар Иры сӕйраг цӕдисон
Теледебаттӕ хайад нӕ исдзысты президентмӕ кадидатты фарслӕуджытӕ.
ПТРК "Ир"-ӕй дарддӕр дебаттӕ ӕвдисдзысты телекомпанийы каналыл YouTube.
Президентон ӕвзӕрстыты фыццаг тур ацыд10 апрелы. Йӕ хатдзӕгтӕм гӕсгӕ, дыккаг турмӕ ахызтысты архайгӕ президент Бибылты Анатолий ӕмӕ парти "Ныхас"-ы лидер Гаглойты Алан. Централон ӕвзарӕн къамисы (ЦӔК) хатдзӕгон протоколмӕ гӕсгӕ, Бибылты Анатолий райста хъӕлӕсты 34,95 проценты, Гаглойты Алан та 38,55 проценты.
Ног хабӕртты лентӕ
0