Хуссар Иры басыгъд ноджы иу хæдзар

© Sputnik / Valeriy MelnikovЗынгсирвæзт
Зынгсирвæзт - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 21.04.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 21 апр Sputnik, Тъехты Дзерассæ. Хуссар Иры цыппæрæмы басыгъд ноджы иу хæдзар, фехъусын кодтой республикæйы УУМ пресс-службæйы. Уагдоны бæрæггæнæнтæм гæсгæ, зынгсирвæзты фæстиуæгæн зианбаййафджытæ нæй.
"Цыппæрæмы 09.57 сахатыл нæм фехъусын кодтой, Дзауы районы Теделеты хъæуы кæй ссыгъд хæдзар. Цауы бынатмæ атындзыдта зынгфæдисонты иу къорд Къуаисайæ. Хъыгагæн, хæдзар аирвæзын кæнын нæ бантыст", - загътой УУМ .
Уæлвæткон уагдоны бафтыдтой, ныртæккæ специалисттæ кæй бæрæг кæнынц зынгсирвæзты аххосаг.
Уый размæ ма цыппæрæмы ноджы иу хисæрмагонд хæдзар та басыгъд столицæйы, уынг "Черепичная"-йыл.
Цхинвалы басыгъд хӕдзар - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 21.04.2022
Цхинвалы басыгъд хӕдзар. Зианбаййафджытӕ дзы нӕй
Ног хабӕртты лентӕ
0