Цхинвалы Стыр парк: йæ фидæн, аразинæгтæ æмæ проблемӕтæ

© Sputnik / Фатима ПлиеваСтыр парк
Стыр парк - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 21.04.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 21 апр — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Цхинвалы Хуыбылты Валерийы номыл Стыр парк горæты администраци йӕ дæлбар райста иу мӕй ӕмӕ ӕрдӕджы размӕ. Гуырахстджын улӕфӕн зонӕ столицӕмӕ ӕрбахауд баххӕстгӕнинӕгтимӕ.

Ныр горӕты дӕлбар

"Горӕты администраци бавнӕлдта Стыр парк ӕфснайынмӕ, уыимӕ иумӕ ӕмбӕлон уагмӕ кӕнынц цъӕх зонӕтӕ. Нырма нæ дæлбар чысыл рæстæг йедтæмæ нæй", - загътой горӕты пресс-службӕйы.
Уыимӕ иумӕ улӕфӕн зонӕйы аразинӕгтӕ ис бирӕ.
"Ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм финансон фӕрӕзтӕ рахицӕнмӕ, уый фӕстӕ бавналдзыстӕм дефекттӕ иуварс кӕнынмӕ. Стæй та горӕты администрацийы сӕрмагонд службӕтӕ бавналдзысты хӕрзарӕзтадмӕ, цӕмӕй парк дзуапп дӕтта улӕфӕн зонӕйы ӕппӕт домӕнтӕн", - бахахх кодтой уым.

Раздæры дзæнæттаг къуым

Стыр паркӕн ис дӕргъвӕтин истори. Ам советон дуджы уыд хиирхӕфсӕн центр. Цыдысты дзы хъазтизæртæ, ӕмбӕлдысты уарзӕттӕ, сабитӕ хъӕлдзӕгӕй æрвыстой сӕ рӕстӕг. Абон бирӕтӕн сӕ мысинӕгты сӕйраг пункт вӕййы горӕты ацы къуым. Йӕ фӕзуатыл цыдысты зындгонд уӕрӕсейаг зарӕггӕнджыты концерттӕ, бынӕттон къордты ралӕудтӕ. Иудзырдӕй, улӕфт бон адӕм тырныдтой уырдӕм.
© Photo : Архивное фотоХӕйрӕджыты цалх
Колесо обозрения - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 21.04.2022
Хӕйрӕджыты цалх
Хуссар Ирыстоны Стыр парчы арӕзтадмӕ куы бавнӕлдтой, уӕд цӕрджытӕ ӕнхъӕлмӕ кастысты зӕронд паркӕй хуыздӕр объект райсынмӕ, фӕлӕ дзы стӕмтӕ баззадысты райгонд.
"Мысын арӕх уыцы парк. Уым концертон залы сценӕйыл дыккӕгӕм скъолайы хоры сконды мӕхӕдӕг дӕр зарыдтӕн. Хъуыды дзы кӕнын Распутинайы концерт. Улӕфт бонты дзы адӕмӕй азмӕлӕн нӕ уыд", - загъта горӕты цӕрӕг Донат.
Уый ма мысы, сабийӕ куыд цин кодта, ивгъуыд ӕнусы 90-ӕм ӕзты Хуссар Ирыстоны цард куы пырх кодта, уӕд Стыр парк дӕр ӕнӕхицау кӕй баззад, ууыл.
Фотолента о весне - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 16.06.2017
Цхинвалæн раздахдзысты "Стыр парк"
"Аттракцион "Хӕйрӕджы цалх" баззад не 'вджид, фӕзынд нын фадат ӕнӕаргъӕй уым хъеллау кӕнынӕн. Куы фехӕлд, уӕддӕр ма иу дзы хъазыдыстӕм", - бахахх кодта уый.
Стыр парк йӕ раздӕры хуызы абон чи бахъуыды кодта, уыдон ма йын мысынц йӕ зӕлд дӕр - ам тезгъо кӕнгӕйӕ адӕймаг йӕхи ӕнкъардта хъӕды.
Ноджы ма иу уарзон бынат парчы уыд фӕсивӕдон кафе, кӕцы фӕласта донивылд. Ам раздӕр цы бӕлӕстӕ зад, уыдонӕй дӕр ма ис ныр стӕмтӕ. Хуссар Ирыстоны Сырх чиныджы автор Къӕбулты Зауыр тох кодта алы бын бахъхахъхъныныл дӕр, фӕлӕ дзы, хъыгагӕн, бирӕйӕ рацух ис парк.

Арæзтады министрады хъуыды

Хуссар Ирыстоны столицӕйы Стыр парчы арӕзтад цыд цалдӕр азы ӕмӕ ахицӕн ис 2019 азы. Горӕт кӕройнаг хуызы цы объект райста, уый цӕхӕр хицӕн кӕны, ныфс цӕмӕй лӕвӕрттой, уымӕй. Афтӕ, зӕгъӕм, проекты нысангонд уыд сывӕлӕтты хъазӕн фӕзуӕттӕ ӕмӕ теннисон корт.
Стыр парк - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 03.08.2021
Ӕнæхицау: Цхинвалы Стыр парчы чысыл фыдбылызтӕ
"Нардуатон компани "Цхинвалы арӕзтадон организаци" арӕзтады министрады хӕслӕвӕрд сӕххӕст кодта. Арӕзтады рӕстӕджы проект рацыд ивд, сывӕллӕтты фӕзуаты бӕсты уым бындуронӕй сарӕзтой Леуахийы былгӕрӕттӕ", - радзырдта Sputnik арӕзтады министры хӕдивӕг Гуыцмӕзты Илья.
Уый ма бафтыдта, зӕгъгӕ, объекты цы фиппайнӕгтӕ ис, уыдоны аххосаг у, парк ӕнӕркаст кӕй баззад дӕргъвӕтин рӕстӕг, уый.
Стыр парк хæрзарæзт æрцыд 20 мин квадратон метрыл. Инвестпрограммæмæ гæсгæ йын рахицæн кодтой 33,5 милуан сомы.
Улæфæн зонæйы сæвæрдтой 37 бандоны, парк срайдзаст кодтой 100 цырагъы. Куыстытæ ам æххæст кодта арæзтадон компани "Цхинвалы арæзтадон организаци".
© Sputnik / Natalia Airiyan Стыр парк
Большой парк - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 21.04.2022
Стыр парк
Ног хабӕртты лентӕ
0