Бинонтӕ баиу сты: арсы цыппӕрӕм сидзӕр лӕппыны радтой Знауыры ӕвӕрд бынатмӕ

© Photo : Залина ГабаеваАрсы сидзӕр лӕппын
Арсы сидзӕр лӕппын - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 22.04.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 22 апр — Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Хуссар Ирыстоны зоохъахъхъӕнджытӕ арвыстой Знауыры районы егерӕн арсы цыппӕрӕм лӕппыны - уый уыд сидзӕр лӕппынтӕй фӕстаг, кӕцытӕ куыддӕрты ӕрхаудтой Цхинвалмӕ. Сырдтӕ ӕвӕрд бынаты рацӕудзысты адаптаци хъӕддаг ӕрдзы уавӕрты цӕрынӕн, фехъусын кодта экологион змӕлд "Зеленая Алания"-йы къухдариуӕггӕнӕг Габайты Зӕлинӕ.
Цалдӕр къуырийы размӕ социалон хызӕгты фӕзындысты Цхинвалы цӕрджыты къамтӕ арсы чысыл лӕппынтимӕ. Фӕстӕдӕр куыд рабӕрӕг ис, афтӕмӕй цыппар дыууӕмӕйдзыд лӕппыны байуӕрстой цалдӕр адӕймагыл, сӕ мады сын браконьертӕ куы амардтой, уый фӕдыл. Уыдонӕй ӕртӕйы раздӕр ссардтой ӕмӕ сӕ радтой Знауыры ӕвӕрд бынатмӕ.
Арсы лæппынæн иунæгæй аивæрзæн нæй - Екатерина Пажетнова - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 16.04.2022
Арсы лæппынæн иунæгæй аивæрзæн нæй - Екатерина Пажетнова
Габайты Зӕлинӕ куыд бафиппайдта, уымӕ гӕсгӕ ныр зоо- ӕмӕ ӕрдзхъахъхъӕнджыты раз кӕй ис вазыгджын хӕс - бацӕттӕ кӕнын арсы цыппар лӕппыны хъӕддаг уавӕрты цӕрынмӕ.
"Цыппӕрӕм лӕппын сӕ у иууыл ӕнӕрынцой. Уый дӕр у нӕл. Уый ӕрластой хъӕуӕй, у тынг фӕллад", - радзырдта организацийы хистӕр.
Уый банысан кодта, арсы лӕппынтӕ нырма кӕй сты ӕхгӕд бынаты Балтайы хъӕуы, цы ран нӕ уыныц адӕмы. Хъӕды сын сӕрмагонд вольер куы саразой, уӕд сырдты акӕндзысты уырдӕм.
Габайты Зӕлинӕ ма фехъусын кодта, кӕй фӕнд кӕнынц рахӕссын инициативӕ, цӕмӕй фӕкарздӕр кӕной ӕфхӕрд арсыл цуан кӕныны тыххӕй - уый Хуссар Ирыстоны хаст у Сырх чиныгмӕ.
«Цъæх Алани»-йы лидер: арсы лæппынтæн хъæуы саразын вольер - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 17.04.2022
"Цъæх Алани"-йы разамонæг: арсы лæппынтæн хъæуы саразын вольер
Ног хабӕртты лентӕ
0