https://sputnik-ossetia.com/20220425/arkhonga-spetsialistta-tskhinvaly-sarazdzysty-tsasty-operatsita-16449679.html
Ӕрхонгӕ специалисттӕ Цхинвалы сараздзысты цӕсты операцитӕ
Ӕрхонгӕ специалисттӕ Цхинвалы сараздзысты цӕсты операцитӕ
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 25 апр– Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны республикон бирӕпрофилон медицинон центры Цӕгат Ирыстонӕй ӕрхонгӕ специалисттӕ сараздзысты операцитӕ... 25.04.2022 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2022-04-25T14:21+0300
2022-04-25T14:21+0300
2022-04-26T10:29+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/04/19/16456088_0:121:3212:1928_1920x0_80_0_0_320456b662aa7cdd978195a2adc944a4.jpg
ЦХИНВАЛ, 25 апр– Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны республикон бирӕпрофилон медицинон центры Цӕгат Ирыстонӕй ӕрхонгӕ специалисттӕ сараздзысты операцитӕ катаракта аиуварс кӕныны фӕдыл. Уазджытӕ кусдзысты ӕрмӕст 29 апрелы, развӕлгъау рынчыны сгарынц РБМЦ офтальмологийы хайады специалисттӕ.Ӕрхонгӕ дохтыртӕ операцийӕн ӕнӕмӕнгхъӕуӕг ифтонгад ӕрхӕсдзысты семӕ.Фӕстаг мӕй цӕсты рухс чи сафы, уыцы ӕмбӕстӕгтӕ ныридӕгӕн сгӕрст цӕуынц ам бынаты."Низ диагностикӕ кӕнынӕн нӕм ис ӕппӕт уӕвӕртӕ. Операцитӕ арӕзт цӕудзысты, вазыгджын катаракта кӕмӕн нӕй, уыдонӕн. Уымӕй дарддӕр операцимӕ рады слӕууынӕн приоритет сты ӕххуысхъуаг адӕм ӕмӕ Уӕрӕсемӕ йӕ бон ацӕуын кӕмӕн нӕу, ахӕм категоритӕ", - бафтыдта медик.Катаракта фылдӕр бӕрцӕй у хистӕр кары адӕмы низ. Операцимӕ рады слӕууыд Плиты Амиран дӕр. Нӕлгоймаг цалдӕр азы размӕ ӕнгӕс операци сарӕзта Беслӕны, ныр та йӕ ных сарӕзта уазджытӕм.Цхинвалы операцитӕ цӕудзысты амбулаторон уавӕрты, иу дзы ахсы 20 минуты бӕрц.
https://sputnik-ossetia.com/20211129/khussar-iry-rynchyndony-arbalauga-azay-uadzdzysty-endoprotezirovanieyy-operatsita-14820736.html
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2022
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/04/19/16456088_241:0:2972:2048_1920x0_80_0_0_c2c23c9e511e912e830547f775834bfd.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ
Ӕрхонгӕ специалисттӕ Цхинвалы сараздзысты цӕсты операцитӕ
14:21 25.04.2022 (Ранӕуӕггонд: 10:29 26.04.2022) ЦХИНВАЛ, 25 апр– Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны республикон бирӕпрофилон медицинон центры Цӕгат Ирыстонӕй ӕрхонгӕ специалисттӕ сараздзысты операцитӕ катаракта аиуварс кӕныны фӕдыл. Уазджытӕ кусдзысты ӕрмӕст 29 апрелы, развӕлгъау рынчыны сгарынц РБМЦ офтальмологийы хайады специалисттӕ.
Ӕрхонгӕ дохтыртӕ операцийӕн ӕнӕмӕнгхъӕуӕг ифтонгад ӕрхӕсдзысты семӕ.
"Майрӕмбоны ӕрцӕудзысты хирургтӕ-офтальмологтӕ Цӕгат Ирыстоны клиникӕ "Офтальма"-йӕ, кӕцытӕ ам операцийы руаджы хос кӕндзысты катарактайӕн, ивд цӕудзысты ӕфхӕрд хрусталиктӕ импланттыл", - загъта офтальмологийы хайады хистӕр Мӕргъиты Мӕдинӕ.
Фӕстаг мӕй цӕсты рухс чи сафы, уыцы ӕмбӕстӕгтӕ ныридӕгӕн сгӕрст цӕуынц ам бынаты.
"Низ диагностикӕ кӕнынӕн нӕм ис ӕппӕт уӕвӕртӕ. Операцитӕ арӕзт цӕудзысты, вазыгджын катаракта кӕмӕн нӕй, уыдонӕн. Уымӕй дарддӕр операцимӕ рады слӕууынӕн приоритет сты ӕххуысхъуаг адӕм ӕмӕ Уӕрӕсемӕ йӕ бон ацӕуын кӕмӕн нӕу, ахӕм категоритӕ", - бафтыдта медик.
Катаракта фылдӕр бӕрцӕй у хистӕр кары адӕмы низ. Операцимӕ рады слӕууыд Плиты Амиран дӕр. Нӕлгоймаг цалдӕр азы размӕ ӕнгӕс операци сарӕзта Беслӕны, ныр та йӕ ных сарӕзта уазджытӕм.
"Уӕд операцийы фӕстӕ мӕ цӕсты уавӕр фӕхуыздӕр ис. Ныр та мӕ галиу цӕст тыхсын кӕны. Ӕмӕ мӕ кары дард цӕуынмӕ зивӕг кӕнын", - дзуры лӕг.
Цхинвалы операцитӕ цӕудзысты амбулаторон уавӕрты, иу дзы ахсы 20 минуты бӕрц.