Уӕлахизы боны цытӕн Хуссар Иры байуардзысты 10 минӕй фылдӕр георгийаг лентӕйы

© Sputnik / Владимир ТрефиловГеоргиаг лентӕ. Архивон къам
Георгиаг лентӕ. Архивон къам - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 25.04.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 25 апр — Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты уӕлахизы 77-ӕм афӕдзыбонӕн нывонд ӕрылазон акци "Георгийаг лентӕ" Хуссар Ирыстоны райдайдзӕн хуыцаубоны ӕмӕ адарддӕр уыдзӕн ӕртӕ боны дӕргъы, фехъусын кодта Sputnik культурӕйы министр Зассеты Жанна.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ацы рӕстӕгмӕ алыгъуызон уагдӕттӕ ӕмӕ организацитӕй волонтертӕ байуардзысты столицӕ ӕмӕ районты Стыр Уӕлахизы символтӕй 10 минӕй фылдӕр.
"Акци райдайдзӕн 1 майы ӕмӕ аххӕсдзӕн 3 майы онг. Ацы аз ма лентӕтимӕ уардзыстӕм символы историйы тыххӕй информациимӕ гӕххӕттытӕ дӕр. Ныззаказ кодтам 10 минӕй фылдӕр лентӕйы акцийӕн, афтӕ ма уӕлӕмхасӕй цалдӕр мины парады хайадисджытӕн дӕр", - загъта культурӕйы министр.
Зассеты Жанна банысан кодта, акци кӕй аххӕсдзӕн Хуссар Ирыстоны районтыл дӕр.
"Афтӕ ма бӕрӕгбоны цытӕн республикӕйы ацӕудзысты алыгъуызон конкурстӕ ӕмӕ сфӕлдыстадон мадзӕлттӕ", - бафтыдта министр.
Акци "Георгийаг лентӕ" Хуссар Ирыстоны уагъд цӕуы фарастӕм азы фӕд-фӕдыл ӕмӕ азӕй-азмӕ рӕзы йӕ хайадисджыты нымӕц.
Хуссар Иры Хъахъхъӕнынады министрад цӕттӕ кӕны Уӕлахизы Парадмӕ Цхинвалы - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 15.04.2022
Хуссар Иры Хъахъхъӕнынады министрад цӕттӕ кӕны Уӕлахизы Парадмӕ Цхинвалы
Ног хабӕртты лентӕ
0