Киев хъуамӕ приказ радта "Азовсталь"-ы ӕфсӕддонтӕн ӕрӕвӕрын сӕ хӕцӕнгӕрзтӕ – Путин

© Sputnik / Сергей Батурин"Азовсталь"
Азовсталь  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 26.04.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 26 апр – Sputnik. Киевы къухдариуӕгад хъуамӕ радта "Азвосталь"-ы ӕфсӕддонтӕн приказ ӕрӕвӕрын сӕ хӕцӕнгӕрзтӕ. Уый тыххӕй Уӕрӕсейы президент Владимир Путин фехъусын кодта йӕ туркаг коллегӕ Реджеп Тайип Эрдоганимӕ ныхасы рӕстӕджы, хъусын кӕны Кремлы пресс-службӕ.
"Завод "Азовсталь"-ы цы украинаг ӕфсӕддонтӕ ӕмӕ националистон батальонты хӕстонтӕ ис, уыдоны фӕдыл Киевы разамынад хъуамӕ райса бӕрндзинад ӕмӕ сын радта приказ ӕрӕвӕрын сӕ хӕцӕнгӕрзтӕ", - загъта паддзахады сӕргълӕууӕг.
Владимир Путин бахахх кодта, зӕгъгӕ, ӕфсӕддонтӕн бавӕрдзысты сӕ цард, афтӕ ма сын уыдзӕн медицинон ӕххуыс ӕмӕ ӕхсӕнадӕмон-барадон нормӕтӕм гӕсгӕ ахаст.
Амӕйразмӕ хъахъхъӕнынады министр Сергей Шойгу радзырдта Уӕрӕсейы президент Владимир Путинӕн Мариуполы ссӕрибар кӕныны фӕдыл, фӕлӕ "Азовсталь"-ы территорийыл нырма дӕр ис хӕстонтӕ.
Уӕрӕсе 24 февралы райдыдта сӕрмагонд ӕфсӕддон операци Украинайы демилитаризаци ӕмӕ денацификацийы фӕдыл. Бӕстӕйы Хъахъхъӕнынады министрады куыд банысан кодтой, афтӕмӕй УФ Гарзджын тыхтӕ ӕхсынц ӕрмӕстдӕр ӕфсӕддон инфраструктурӕ ӕмӕ украинаг ӕфсӕдты.
УФ ӕфсӕдтӕ  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 26.04.2022
Сӕрмагонд операцийы УФ ӕфсӕдтӕ скуынӕг кодтой танктӕ ӕмӕ техникӕйы 2,5 минӕй фылдӕр иуӕджы
Ног хабӕртты лентӕ
0