Знауыры районы цалцӕг кӕнынц фӕндаг Цъорбисы хъӕумӕ

© Photo : Пресс-служба Ленингорского районаФӕндӕгты цалцӕг
Фӕндӕгты цалцӕг - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 26.04.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 26 апр – Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Знауыры районы цӕрӕнуатон-коммуналон хӕдзарады кусджытӕ хӕрзвадат кӕнынц фӕндаг Цъорбисы хъӕумӕ. Уый тыххӕй Sputnik радзырдта районон администрацийы пресс-секретарь Оттаты Алена.
"Фӕндаджы дӕргъ у дыууӕ километрӕй фылдӕр. Районы коммуналон службӕты кусджытӕ рараст кодтой фӕндаджы уӕлцъар, ныккалдтой дзы хуыр, ныр ӕй хъуамӕ ныннӕмой", - радзырдта пресс-секретарь.
Фӕндаг, Оттаты Аленайы ныхӕстӕм гӕсгӕ, цӕттӕ кӕнынц дарддӕр асфальты бын фӕкӕнынмӕ.
"Нӕ районы къорд фӕндаджы ӕрцӕудзысты хӕрзарӕзт паддзахадон программӕйы фӕлгӕтты. Уырдӕм хауынц Уелит ӕмӕ Хъорнисы хъӕутӕм фӕндӕгтӕ дӕр. Тагъд рӕстӕджы цӕрджытӕ сӕ хӕдзӕрттӕм цӕудзысты раст асфальт фӕндӕгтыл - уыдон ацы хорз хабармӕ ӕнхъӕлмӕ кастысты бирӕ ӕзты дӕргъы", - банысан кодта агентады ныхасӕмбал.
Знауыры районы стыр хъӕуты уынгтыл сӕвӕрдтой рухсытӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 12.04.2022
Знауыры районы стыр хъӕуты уынгтыл сӕвӕрдтой рухсытӕ
Оттаты Алена ма фехъусын кодта, зӕгъгӕ, Цъорбисмӕ фӕндаджы арӕзтад кӕронмӕ куы бахӕццӕ уа, уӕд та коммуналон кусджытӕ бавналдзысты ӕндӕр объектмӕ - Малдайы фӕндагмӕ. Уымӕй дарддӕр ма, бафтыдта пресс-секретарь, нывӕзты ис хӕрзарӕзтадон куыстытӕ бакӕнын Зӕдбадӕны хъӕуы уӕллаг хайы.
Уый фӕстӕ сӕрмагонд службӕтӕ сӕ ных скӕндзысты Балтайы рдӕм фӕндӕгты цалцӕгмӕ.
Районы администрацийы нывӕзты ма фӕндӕгтӕй дарддӕр ацы аз ис цалдӕр хъӕумӕ дон бауадзын, афтӕ уынгты рухсытӕ сӕвӕрын дӕр.
Афтӕ ма коммуналон хъӕдзарад фӕнд кӕны раивын Сывӕллӕтты сфӕлдыстады хӕдзары ӕмбонд дӕр.
Знауыры районы ЦКХ хистӕр радзырдта 2022 азмӕ куыстыты нывӕзты тыххӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 25.02.2022
Рухс ӕмӕ фӕндӕгтӕ: Знауыры районы ЦКХ хистӕр радзырдта 2022 азмӕ куыстыты нывӕзты тыххӕй
Ног хабӕртты лентӕ
0