Уӕлахизы Парады хайад райдзысты Хуссар Ирыстоны ӕфсӕддон ӕмӕ тыхон уагдӕтты 800 минӕвары

© Sputnik / Natalia Airiyan Уӕлахизы Парад Хуссар Иры
Уӕлахизы Парад Хуссар Иры - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 28.04.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 27 апр – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны хъахъхъӕнынады министрады хисӕрмагонд сконд цӕттӕ у 9 майы ӕфсӕддон парад ауадзынмӕ, фехъусын кодта пресс-конференцийы Sputnik РХИ Гарзджын тыхты Генштабы сӕргълӕууӕг Виктор Федоров.
© Sputnik / Natalia AiriyanВиктор Федоров
Виктор Федоров - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 28.04.2022
Виктор Федоров
Республикӕ цӕттӕ кӕны Уӕлахизы Боны 77-ӕм афӕдзыбон банысан кӕнынмӕ. Ацы бӕрӕгбонмӕ бацӕттӕ кодтой мысӕн мадзӕлтты уӕрӕх программӕ.
"9 майы советон адӕмы Уӕлахизы 77-ӕм афӕдзы боны цытӕн горӕт-хъайтар Цхинвалы ацӕудзӕн парад. Хайад дзы райдзысты 800 адӕймаджы - Хъахъхъӕнынады, Мидхъуыддӕгты, Уӕлвӕткон уавӕрты, Юстицийы министрӕдты минӕвӕрттӕ, Паддзахадон ӕдасдзинады комитеты Арӕнгӕрон службӕйы кусджытӕ, афтӕ ма Уӕрӕсейы 4-ӕм ӕфсӕддон базӕйы ӕфсӕддонтӕ. Уымӕй дарддӕр ма парады рацӕуынмӕ цӕттӕ сты ӕфсӕддон техникӕйы 40 иуӕджы", - фехъусын кодта Федоров.
Уый бахахх кодта, уагдоны хисӕрмагонд скондӕн кӕй ис тынг бӕрнон ӕмӕ цӕсгомджын ахаст ацы стыр бӕрӕгбонмӕ бацӕттӕ кӕныны хъуыддагмӕ.
"Уагдӕтты ӕмӕ структурӕты цӕттӕ кӕнын райдыдтой 4 апрелы, фӕлӕ иумӕйаг цӕттӕкӕнынадмӕ та бавнӕлдтам 18 апрелы Хъахъхъӕнынады министрады ӕфсӕддон горӕты. Уадзӕм ӕрвылбон дӕр тренировкӕтӕ, иуварс кӕнӕм хъӕндзинӕдтӕ", - банысан кодта Генштабы сӕргълӕууӕг.
Уӕлахизы фыстӕджытӕ. Цхинвалы райдыдта акци Полевая почта - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 28.04.2022
Уӕлахизы фыстӕджытӕ. Цхинвалы райдыдта акци "Полевая почта"
Хуссар Ирыстонӕй фронтмӕ ацыд 21 минӕй фылдӕр адӕймаджы, уыдонӕй 11 711 фӕмард сты тохы быдырты, авд минӕй фылдӕр та нымад сты ӕбӕрӕгӕй фӕсӕфджытыл.
Ног хабӕртты лентӕ
0