Аивады цытджын истори: Паддзахадон драмтеатры 90 азмӕ Цхинвалы спрезентаци кодтой чиныг

Паддзахадон драмтеатры 90 азмӕ Цхинвалы спрезентаци кодтой чиныг
 Паддзахадон драмтеатры 90 азмӕ Цхинвалы спрезентаци кодтой чиныг - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 03.05.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 3 май – Sputnik, Тъехты Дзерассӕ. Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмон театрӕй сӕрыстыр у ӕнӕхъӕн республикӕ ӕмӕ хауы йӕ националон исмӕ, загъта президент Бибылты Анатолий чиныг "90 лет служения национальному искусству"-йы презентацийы. РХИ сгуыхт журналист Зӕгъойты Радайы куыст Хуссар Ирыстоны театры тыххӕй ӕхсӕнадӕн бавдыстой дыццӕджы Цхинвалы.
Мадзалы хайад райстой республикӕйы фыццаг президент Цыбырты Людвиг, профессор Плиты Гацыр, театры аивадон къухдариуӕггӕнӕг Дзудцаты Тамерлан ӕмӕ актертӕ.
Бӕстӕйы сӕргълӕууӕджы ныхӕстӕм гӕсгӕ, театры труппӕ хицӕн ӕзты ӕмбӕлд алыгъуызӕн проблемӕтыл - сӕ сӕйрӕгтӕй иу уыд зынгсирвӕзт бӕстыхайы 2005 азы.
"Нӕ театры артисттӕ арӕзтой алцыдӕр, цӕмӕй адарддӕр кӕной рӕсугъд истори, кӕцы йемыдзаг у ирон, уырыссаг ӕмӕ фӕсарӕйнаг класситкы алыгъуызон хъайтартӕй, нӕ актерты ӕнӕаипп хъазтӕй. Бузныг уын зӕгъын, кӕй бафӕрӕзтат, кӕй ныббыхстат ӕмӕ ныртӕккӕ кусут ахӕм рӕсугъд бӕстыхайы", - загъта Бибылты Анатолий.
Уый банысан кодта, зӕгъгӕ, театры юбилеймӕ рауагъдгонд чиныг фыццаг кӕй нӕу, фӕлӕ у иунӕг ахӕм уӕрӕг информациимӕ Хуссар Ирыстоны театралон аивады исторыйы фӕдыл.
© Sputnik / Дзерасса Техова Паддзахадон драмтеатры 90 азмӕ Цхинвалы спрезентаци кодтой чиныг
Презентация книги 90 лет служения национальному искусству - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 03.05.2022
Паддзахадон драмтеатры 90 азмӕ Цхинвалы спрезентаци кодтой чиныг
Зӕгъойты Радайы куыст мыхуыры рацыд 500 экземпляры тиражӕй ӕмӕ дзы дзырд цӕуы хуссарирыстойнаг культурӕйы аргъуаны ӕнусон историйыл.
Драмтеатры аивадон къухдариуӕггӕнӕг чиныг рахуыдта фундаменталон рауагъд ӕмӕ равдыста ныфс, театры 100-азон юбилеймӕ куыст кӕй суыдзӕн ӕртӕтомон.
Экс-президент Цыбырты Людвиг радзырдта, театр кӕй у республикӕйы паддзахаддзинады символтӕй иу. Уый зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, уӕззау хӕстон ӕзты рӕстӕджыты труппӕ йӕхи кӕй равдыста тыхджын ӕмӕ цӕсгомджынӕй, фӕкуыста номиналон мыздыл, фылдӕр хатт та бынтондӕр ӕнӕ мыздӕй. Фӕлӕ уӕддӕр коллектив нӕ ныппырх ис, хайад иста алыгъуызон фестивальты ӕмӕ-иу уыд номинантты нымӕцы.
"Театры 90 азы, кӕцы нысан кодтам фарон, сты номиналон. Фактон ӕгъдауӕй та театры бындур ӕвӕрд ӕрцыд ивгъуыд ӕнусы райдианы, 1904 азы ирон театралон къордты Тбилисы. Раст уыдон бындурыл фӕзынд труппӕ, кӕцы 1931 азы сарӕзта националон театр", - радзырдта Цыбырты Людвиг.
Ирон литературӕзонӕг, профессор Плиты Гацыр куыд банысан кодта, афтӕмӕй театры бӕстыхайы зынгирвӕтӕй суанг ног бӕстыхайы сырӕзты онг ирон адӕм уыдысты сидзӕргъуыз.
Паддзахадон драмтеатры 90 азмӕ Цхинвалы спрезентаци кодтой чиныг
Книга 90 лет служения национальному искусству - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 03.05.2022
Паддзахадон драмтеатры 90 азмӕ Цхинвалы спрезентаци кодтой чиныг
Мадзалы кӕронбӕттӕны Дзудцаты Тамерлан фӕхуыдта ӕрӕмбырдуӕвджыты музыкалон спектакль "Пӕсӕйы фӕндон"-ы хӕрзаудӕн равдыстмӕ, кӕцы ацӕудзӕн дыццӕджы изӕрӕй. Билеттӕй ӕрӕмбырдгонд фӕрӕзтӕ иууылдӕр арвитдзысты ирыстойнаг бархионтӕн Донбассмӕ.
Ног хабӕртты лентӕ
0