УФ ӕфсад райдыдта куынӕг кӕнын Украинӕйы гарзджын тыхты ӕхстон позицитӕ "Азовсталь"-ы

© Минобороны РоссииЗавод "Азовсталь"
Завод Азовсталь - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 03.05.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 3 май – Sputnik. Уӕрӕсейы Хъахъхъӕнынады министрады пресс-службӕйы минӕвар Вадим Астафьев фехъусын кодта, нацбатальон "Азов"-ы боевиктӕ ӕмӕ украинӕйаг ӕфсӕдтӕ спайда кодтой сабырады режимӕй "Азовсталь"-ы ӕмӕ рахызтысты ӕхстон позицитӕм.
"Уыдон рахызтысты ныккӕндтӕй, бацахстой ӕхстон позицитӕ заводы территоритӕ ӕмӕ йӕ бӕстыхӕйтты", - загъта уый.
Астафьевы ныхӕстӕм гӕсгӕ, ныртӕккӕ уӕрӕсейаг ӕмӕ донецкаг ӕфсӕдты дӕлхӕйттӕ, артиллери ӕмӕ авиацийӕ спайдагӕнгӕйӕ, райдыдтой куынӕг кӕнын уыцы ӕхстон позицитӕ.
Базырджын ракетӕ Оникс. Архивон къам  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 03.05.2022
Уӕрӕсейаг ракетӕтӕ скуынӕг кодтой фӕсарӕйнаг хӕцӕнгарзимӕ ангартӕ Одессайы
РИА Новости уацхӕссӕг куыд хъусын кӕны цауты бынатӕй, афтӕмӕй "Азовсталь"-ӕй хъуысы артиллерион ӕхст, йӕ сӕрмӕ сбадт фӕздӕг.
Уӕрӕсе 24 февралы райдыдта сӕрмагонд ӕфсӕддон операци Украинайы демилитаризаци ӕмӕ денацификацийы фӕдыл. Бӕстӕйы Хъахъхъӕнынады министрады куыд банысан кодтой, афтӕмӕй УФ Гарзджын тыхтӕ ӕхсынц ӕрмӕстдӕр ӕфсӕддон инфраструктурӕ ӕмӕ украинаг ӕфсӕдты.
Ног хабӕртты лентӕ
0