Дзауы зӕххӕнкъуысты фӕстиуӕг: куыд фӕласта Цхинвалы Фаллаг фарсы Пацъайы дон

© Sputnik / Natalia AiriyanЛеуахи
Леуахи - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 03.05.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 3 май - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны 1991 азы 29 апрелы Дзауы районы зӕххӕнкъуыст йӕ фыдбылызтӕй дарддӕр йӕ фӕстӕ ныууагъта стыр тас ног ӕрдзон бӕллӕхӕй. Цӕугӕдон Пацъайыл сырӕзт егъау цад, уый къуырийы бӕрц тасы дардта ӕгас столицӕйы цӕрджыты - донӕмбырдгӕнӕн куы ратыдтаид, уӕд горӕты иу хайӕн аласынӕй уыд тас.
31 азы размӕ зӕххӕнкъуысты эпицентр 9 баллы магнитудӕйы уыд Дзауы районон центры цур. Поселок ныппырх, Хахеты хъӕу та ацыд зӕххы бын йӕ 42 цӕрӕгимӕ. Уыимӕ иумӕ зӕй ӕрӕхгӕдта цӕугӕ дон Пацъайы донвӕд. Цыбыр рӕстӕгмӕ уым сырӕзт егъау цад.
Этонграф ӕмӕ историон зонӕдты кандидат Хъуылымбегты Роберт хорз бахъуыды кодта зӕххӕнкъуыст ӕмӕ йӕ фӕстиуджытӕ.
"Дзауы ахӕм бӕллӕх куы рцыд, уӕд адӕм фӕдисы агуылф кодтой уырдӕм комкоммӕ гуырдзиаг хъӕутыл. Уым цӕрӕг гуырдзиӕгтӕ та ссыгътой цырӕгътӕ - уыдон ацы фыдбылыз банымадтой афтӕ, зӕгъгӕ, Хуыцау ирӕтты бафхӕрдта. Фӕлӕ сӕ цин бирӕ нӕ ахаста, дыккаг зӕххӕнкъуыст тынг бафхӕрдта гуырдзиаг хъӕуты дӕр'', - радзырдта уый.
Школьники Дзауской школы интернат - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 29.04.2022
Зӕххӕнкъуыст мын мӕ сӕр 'сурс кодта: Цхуырбаты Тамерланы мысинӕгтӕ Дзауы бӕллӕхы фӕдыл
Ӕрдзон бӕллӕхы фӕстиуӕгӕн сывзӕргӕ цад бындурон нӕ уыд ӕмӕ ӕрвылбон дӕр тас уыд йӕ ратонынӕй. Уымӕ гӕсгӕ 5 майы аскъуыддзаг кодтой йе спырх кӕнын.
"Цалынмӕ нӕ байдзаг, уӕдмӕ йӕ спырх кодтой Уӕрӕсейы ӕфсады саперон хайад, уыдон хорз ифтонг уыдысты. Развӕлгъау бафӕдзӕхстой адӕмы, уӕлдай тас уыд Цхинвалы Фаллаг фарсы цӕрджытӕн", - бафтыдта уый.
Афтӕ дӕр ӕрцыд. Изӕрмилты Леуахийы донвӕд афтӕ байдзаг ӕмӕ Фаллаг фарс дӕр фӕласта.

"Уды зиан дзы нӕ уыд. Фӕлӕ дон байдзаг кодта ныккӕндтӕ, уынгтӕ лӕсӕнтӕ кодтой. Донивылд раласта хъӕдтӕ, дур, бӕлӕстӕ", - бафтыдта Хъуылымбегты Роберт.

Фаллаг фарс уӕд цард фыссӕг Тадтаты Тамерлан. Уый ацы цаутӕн снывонд кодта радзырд дӕр. Уый уӕд йӕ мад ӕмӕ сыхӕгтимӕ бахауд эвакуацийы. Донивылды рӕстӕджы скодта хурбон. Фаллаг фарсы цӕрджытӕ сӕ мулк рахастой ӕмӕ сӕхи бааууон кодтой ТЭК-мӕ хӕстӕг къуыппыл. Фыдыбӕстӕ хъахъхъӕнджытӕ ссыдысты ӕд хӕцӕнгӕрзтӕ.
"Уӕрӕсейӕг ӕфсӕддонтӕ нӕ фӕдзӕхстой, зӕгъгӕ, дон куы ратона, уӕд стыр бӕллӕхы хауӕм, фӕлӕ нӕ зӕрдӕ лӕууыд ууыл, ӕмӕ уал фыццаг гуырдзиаг хъӕутӕ кӕй фӕласдзӕн - Чъех, Тамарашен ӕмӕ Ачабеты. Уымӕ бӕллыдысты хӕстонтӕ. Фӕлӕ Гуырдзы дӕр сӕхи бааууон кодтой уым Уыдон дӕр уыдысты хотыхджын, фӕлӕ ӕрдзон тых уыцы уысм мах ӕрсабыр кодта рӕстӕгмӕ", - дзуры фыссӕг.
Донивылд ахаста цалдӕр сахаты, стӕй йӕ фӕстӕ та адӕм аргъ кодтой, цы фесӕфтой, уымӕн.
Хуссар Иры мысынц Дзауы 1991 азы зӕххӕнкъуысты амӕттӕгты - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 29.04.2022
Хуссар Иры мысынц Дзауы 1991 азы зӕххӕнкъуысты амӕттӕгты
"Нӕ хӕдзар аирвӕзт, фӕлӕ сыхаг дукани, цымӕ йӕ быныл алыг кодтой, афтӕ уыд", - балхынцъ кодта уый.
Зӕххӕнкъуысты доны рауагъды фӕстӕ дӕр Пацъайы баззад цад, уый фӕстӕдӕр ссис улӕфӕн зонӕ, фӕлӕ абон цӕмӕдӕр гӕсгӕ рохуаты аззад цӕрджытӕй.
Ног хабӕртты лентӕ
0