Цхинвалы мэрияйы радзырдтой, столицӕ кӕд суыдзӕн ногӕй "цъӕх горӕт"

© Sputnik / Олег РепуховЦхинвал
Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 04.05.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 4 май – Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Хуссар Ирыстоны сӕйраг горӕты зӕлдфӕлындӕн куыстытӕ рӕстмӕ кӕй нӕ цӕуынц, уымӕн аххосаг у, цӕрджытӕ сӕхӕдӕг цӕлхдуртӕ кӕй ӕвӕрынц ацы процессӕн, уый, загъта Sputnik ландшафтон дизайнер Пӕррӕстаты Ирина.
Уый банысан кодта, зӕгъгӕ, дидинджытӕ, къутӕртӕ ӕмӕ бӕлӕсты талатӕ арӕх адавынц цӕрджытӕ, фӕлӕ ма уымӕй дарддӕр зӕлдфӕлындӕн куыстытӕн стыр зиан ракӕнынц куыйтӕ дӕр.
"Ӕрӕджы ныссагътам горӕты цады цур хӕлис бӕласы 40 талайы - иу дӕр дзы нал баззадис. Скъахтой сӕ мӕ сӕ ахастой. Уалдзӕджы райдианӕй нырмӕ кусӕм, фӕлӕ нын нӕ куыстытӕ ныппырх кӕнынц нӕ фӕстӕ. Иннӕ проблемӕ - куыйтӕ. Рауадзынц сӕ ӕнӕркастӕй ӕмӕ цыдӕриддӕр газонтыл ныссадзӕм - скалынц сӕ иууылдӕр", - радзырдта Пӕррӕстаты Ирина.
Дизайнер бафтыдта, зӕгъгӕ, хорз уаид, "кӕрдӕгхуыз" вандалты ныхмӕ барадхъахъхъӕнӕнг органтӕ куы хӕссикой исты ӕфхӕрд, зӕгъӕм, ивартӕ.
Нӕзыбӕлас - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 19.04.2022
Цхинвалы алфӕмбылай сфӕлындзысты хъырымаг нӕзыбӕлӕстӕй
"Бирӕ хатт-иу ӕрцахстам горӕты цӕрджыты давгӕ-давын, фӕлӕ нӕ бон вӕййы ӕрмӕстдӕр нӕ садзӕнтӕ фӕстӕмӕ байсын. Ӕмӕ та сӕм стӕй фӕстӕмӕ ӕрбацӕуынц", - загъта уый.
Фӕлӕ ма ис ахӕм цӕрджытӕ дӕр, бафтыдта Пӕррӕстаты Ирина, кӕцытӕ ӕрбахӕссынц сӕхӕдӕг дидинджытӕ ӕмӕ садзӕнтӕ ӕмӕ сӕ балӕвар кӕнынц админстрацийы службӕтӕн.
Ног хабӕртты лентӕ
0